Ног азы фынгтæ чыссæ цас раафтид кæндзысты?

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 просмотров

9 лет назад

Дарддæр хæццæ кæнæм нæ программæ. Рагацау цы барæвдз кæнай, уымæн йæ ад æмæ йæ аргъæй дæр зæрдæ райдзæн! Цас фылдæр æмæ хуыздæр хæринæгтæ 'фсинты æрцæттæ кæнын фæфæнды Ног азы стъолмæ, уыйас цыма æргътæ дæр хæрдмæ ныццæвынц. Арæх ног азы стъол саразын разыны стыр сæрниз бинонтæн. Бæрæгбон рæсугъд арвитын та кæй нæ фæфæнды?  Ног азы агъоммæ базары бирæ адæм нæй. Фæлæ тæрхæджытæ дзаг сты алыхыуызон хойрæгтæн. Уæйгæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй æлхæнджытæ фылдæр уарзынц дыргътæ, халсартæ æмæ цæхджынтæ. Уый тыххæй бацархайдтой сæ тæрхæджытыл фылдæр продукци равæрыныл. Æцæгæйдæр, æргътæ тынг не сисынц. Гобозты Замирæ та, зæгъæн ис æхсæвæй-бонæй кусы. Æхсæв райдайы хæринæгтæ кæнын, цæмæй сæ райсоммæ æлхæнджытæн ног æмæ хæрзадæй ауæй кæна. Фæлæ уæддæр уыйбæрц аслам нæ вæййынц æмæ æлхæнæг райгондæй баззайа. Базары æргътæй иуæй-иутæ фесхъиуынц. Кæд Ног азмæ 2 къуырийы дæр нал баззад, уæддæр æй бирæтæ мбарынц, сæ чыссæтæ фæстæдæр ноджы тагъддæр кæй раафтид уыдзысты. Гроха, фых картоф, къалбас, джитъри æмæ майонез - ацы хойрæгтæ алчидæр зоны. Дуканиты салаты килæйы аргъ у 380 сомы. Кæй зæгъын æй хъæуы - бацæуын, балхæнын æмæ йæ хæдзармæ æрбахæссын æнцондæр у. Фæлæ алы æфсин дæр йæхæдæг снысан кæны, цæттæ хæринаг балхæна æви йæ хæдзары скæна, уый. Æнæвдæлон адæймагæн та стыр дуканитæ æвдадзы хосау сты. Бæрæгбæтты чи кусы, уый фæскуыст базгъордта, хæринæгтæ алхæдта æмæ йæ фынг цæттæ. 3 чъирийы дзы балхæнæн ис 525 сомæй, дыргътæ та дзы зынаргъдæр вæййынц. Зæгъæм, базары аргъимæ абаргæйæ, мандаринтæн 18 сомы фылдæр раттын хъæуы. Нозт та у асламдæр. Дзидзайы кæнæ кæсаджы хуызтæ Ног азы фынгмæ алчидæр æвзары йæ фæндонмæ гæсгæ. Ацы æрмæджы бацархайдтам æмæ банымадтам, Ног Азы фынг саразын цас сысты, уый бæрц. Горæты цæрджыты бафæрсгæйæ, сæ фынгтыл 8 минæй къаддæр нæ бахардз кæндзысты. Кæд дæ асламдæр фæнды, уæд та ууыл раздæр ахъуыды кæнын хъæуы. Пелиты Сабинæ, Æлбегаты Генриеттæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Ног азы фынгтæ чыссæ цас раафтид кæндзысты?

Категория:

Новости и СМИ