Æдасдзинады фарстатæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 просмотров

8 лет назад

Зымæджы афон æдасдзинадыл бакусын æвæ æвирхъау цауты нымæц фæкъаддæр кæнын, уæлдайдæр Ног азы агъоммæ. Ацы æмæ æндæр фарстатыл дзырдтой хицауады æмбырды æвирхъæу уавæрты фæдыл къамисы уæнгтæ. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ фæнысан кодтой, 25 декабрмæ зынгсирвæзтыты ныхмæ æдасдзинады домæнтæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый. Араздзысты рейдтæ, пиротехникон фæрæзтæ кæм уæй кæнынц, ахæм рæттыл. Хъуамæ мацы фыдбылызтæм расайой. Къамисы уæнгтæ ма се `ргом аздæхтой дондзæуæн объекттæм дæр. 1-æм мартъийы онг æдасдзинады пълан сфидар кодтой. Тускъаты Таймураз бабар кодта, æрæджы Дзæуджыхъæуы ГЭС-ы цы дыууæ адæймаджы аныгъуылд, уыцы хъуыддаджы фæдыл слест саразын. Куыд зæгъы, афтæмæй аххосджынты хъуамæ ссарой æмæ сæ закъонмæ гæсгæ бафхæрой. Иу ахсджиаг фарста - зæйтæ цæуыны рæстæгмæ цæттæдзинад. Фыццаджыдæр, æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ фæнд кæнынц хæдтулгæты нымæц Транскамыл фæкъаддæр кæнын. Буроны хъуамæ саразой, æхсæвæй-бонæй чи кусдзæн, ахæм пост. Дзырдтой зынгсирвæзтытæ ма уадзынæн алы рæтты цы гидранттæ ис, уыдоны уавæрыл дæр. Иутæ дзы сцалцæг хъуамæ кæной, иуæй-иу рæтты та сæ ногтæй баивдзысты. Ацы фарстайыл ныртæккæ бæстонæй кусынц. Стыр æргом здахдзысты æрдзон фыдбылызтæ ма уадзынмæ дæр. Уыдæттæй Ирыстоны цæугæдæттæ æрвылаз дæр бартхъирæн кæнынц. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Æдасдзинады фарстатæ

Категория:

Новости и СМИ