Комкоммæ ныхас
Быдыртæ æмæ фосхизæн фæзтæ Дзуарыхъæуы нæ фаг кæны. Доныбылгæрæттæ дæр уалдзæгмæ хъæуы сфидар кæнын. Уый тыххæй Дзуарыхъæуы цæрджытæ ныхас кодтой Битарты Вячеславимæ. Республикæйы сæргълæууæгæн дарддæр дæр æмбæлы районы цæрджытимæ. Радон æмбырдмæ æрбацыдысты Дзуарыхъæуы æмæ Майрамададжы цæрджытæ. Цавæр дзуæппытæ райстой сæ фæрстытæн базыдта не сфæлдыстадон къорд. Дзуарыхъæуы цæрджытæ сæ фосхизæн быдыртæ æмæ хуымты фæзтæ фæстæмæ домынц. Адæм сæ фос кæм хизой ахæм бынат хъæуы най.Ацы фарстайæн дзуапп радта Алагиры районы сæргълæууæг Бутаты Арсен. Битарты Вячеслав цæрджытæн ныфс бавæрдта зæххытимæ баст фæрстытæ кæй аиуварс кæндзæн,уымæй. Бынæттон амбулаторийы хуыз цæрджыты тыхсын кæны. Хъæуыйæ бындуронæй сцалцæг кæнын æмæ нырыккон медицинон кусæнгæрзтæй сифтонг кæнын. Уымæй уæлдай ма бынæттон цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй Фыййагдонмæ фæзилæны дæр хъæуы светофор сывæрын Хæрз æрæджы Дзуарыхъæуы сывæллæтты рæвдауæндоны сæр ногæй раивтой. Уый фæдыл нæ республикæйы сæргълæууæгæн загътой бузныг. Фæлæ ма куыд рабæрæг, афтæмæй сывæллæтæн хи автобус нæй. Уый руаджы скъоладзаутæ æмæ рæвдауæндоны хъомылгæнинæгтæ æнцондæрæй бынатмæ хæццæ кæниккой. Битарты Вячеслав æмбырды бабар кодта ахуырад æмæ наукæйы министры хæстæ æххæстгæнæг Людмилæ Башаринæйæн, автобус самал кæнын. Сывæллæттæн машинæ кæй уыдзæн, уымæй Людмилæ Башаринæ зæрдæ бавæрдта. Куыд рабæрæг, афтæмæй министрадмæ автобус ис æмæ цыбыр рæстæгмæ хъумæ фæхæццæ уыдзæн. Фембæлды ма æрныхас кодтой донбылгæрæтты сфидар кæныны фарстайыл дæр. Уымæй уæлдай ма цæрджытæ курынц цæмæй фæсивæдæн саразой спортивон фæз. Фæнды ма сæ цæмæй сын сæ уынгты фæндагтæ сцалцæг кæной. Сæйраг уынджы хъæуы ног асфальт сæвæрын. Фембæлды æрмæст курдиаттæ нæ уыд, Цæрджытæ нæ республикæйы сæргълæууæгæн загътой бузныг адæмы фарстатæм йæ хъус кæй дары ,уый тыххæй. Уæлдай разы дзы сты Джеоргуыбайы бæрæгбон уылæфæн бон кæй скодта уый тыххæй. Битарты Вячеслав куыд бафиппайдта афтæмæй дæсгай æзты цы фарстатæ нæ уыд аиуварс кæнын ,уыдон иу бонмæ аиуварс кæнæн нæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Комкоммæ ныхас
Категория:
Новости и СМИ