Турчы ирон диаспорайы минæвæрттæ абон сбæрæг кодтой Фæсивæды бон
Туркæй хабæрттæ. Ирон диаспорайы минæвæрттæ абон сбæрæг кодтой Фæсивæды бон. Циндзинады архайдтой 100 адæймагæй фылдæр. Æрбамбырд дзы сты Турчы цæрæг ирæтты `хсæнад «Алан»-ы кæстæртæ. Ансамбль «Барс»-ы архайджытæ симды бацыдысты. Сарæзтой æцæг хъазт. Сæ фембæлдмæ æрбахуыдтой Турчы чи цæры æмæ Кавказæй рацæугæ чи у, уыцы адæмыхæттыты минæвæртты дæр. Бæрæгбон ахæм хуызы кæй ацыд, уымæн стыр хъомыладон нысаниуæг ис. Сæ руаджы кæстæртæ æмхиц кæнынц фыдæлтыккон царды `гъдаумæ, базонынц сæ истори. Æцæгæлон бæстæйы цæргæйæ, туркæгтимæ тугхæстæг кæй бавæййынц, уый аххосæй сын сæ ирондзинад хъахъхъæнын зындæрæй æнтысы. Сæ хистæрты ныстуан та фыдæй-фыртмæ иу у - æндæр бæстæйы цæргæйæ сæ удварны хæзнатæ аккагæй хæссын. Ацы фембæлд дæр уымæн сарæзтой. Куыд æмбæлы, афтæ сæ циндзинад ахæццæ кодтой дзаг фынгтæй, кæрæдзийы уындæй хорзæхтæ кæнгæйæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Турчы ирон диаспорайы минæвæрттæ абон сбæрæг кодтой Фæсивæды бон
Категория:
Новости и СМИ