Гæрæт Орелы арæзт æрцæудзæн Беслæны теракты амæттæгты æрымысæны номарæн акци

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 лет назад

Гæрæт Орелы арæзт æрцæудзæн Беслæны теракты амæттæгты æрымысæны номарæн акци. Ацы аз уыцы æбуалгъ цаутыл æххæст кæны 15 азы. Æрвылаз 3-æм сентябры Уæрæсейы сбæрæг кæнынц терроризмимæ тохы бон. Ацы аз Орелы цæрджыты хонынц фæсивæдон акцимæ «Мир детям мира!». Арæзт æрцæудзæн Орелы областы адæмон сфæлдыстады центры. Мадзалы архайджытæ æрымысдзысты 2004-æм азы трагикон цаутæ. Амæттæгты нæмттæ та æрхъуыды кæндзысты, уæларвмæ урс уæлдæфон тымбылæгтæ суадзгæйæ. Мадзал аразджыты ныхæстæм гæсгæ, терроризмимæ тохæй уæлдай ма æнæмæнг хъæуы профилактикон куыст кæнын. Номарæн мадзæлттæ 2-æм сентябрæй 4-æммæ арæзт цæудзысты Екатеринбурджы дæр. Ам дæр сбæрæг кæндзысты терроризмимæ тохы бон. Горæты æппæт ахуыргæнæндæтты дæр сараздзысты тематикон лекцитæ, æркастытæ æмæ флешмобтæ. Сæ иумæйаг девиз уыдзæн «Объединимся вместе против террора». Ацы бонтæм ма бацæттæ кæндзысты сæрмагонд радиопрограммæтæ, сывæллæтты нывтæ, плакаттæ æмæ хуызистыты равдыстытæ. Скъоладзаутæн дæр сараздзысты сабырдзинады тематикæимæ урочытæ, бамбарын сын кæндзысты, куыд дарын хъæуы хи æнæнхъæлæджы уавæрты. Сывæллæттæм уазæгуаты æрбацæудзысты ветеранты организацитæ æмæ барадхъахъхъæнæн службæты минæвæрттæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Гæрæт Орелы арæзт æрцæудзæн Беслæны теракты амæттæгты æрымысæны номарæн акци

Категория:

Новости и СМИ