Дзæуджыхъæуы пъæлицæйы 3-æм хайады кусджытæ æрцахстой хæдтулгæтыл чи бандзæрста, уыцы фыдгæнæджы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

Ивгъуыд фæлладуадзæн бонтæ æнæ закъонхæлдтæй нæ ахицæн сты. Уыдонæй уал райдайæм. Дзæуджыхъæуы пъæлицæйы 3-аг хайадмæ фæхабар кодтой горæты уынгтæй иуы дыууæ хæдтулгæйы кæй судзынц, уый тыххæй. Машинæтæй иуы уыд 6 мин доллæры. Бынатмæ атагъд кодта слестгæнæн-оперативон къорд. Пъæлицæйæгтæ æрфарстой æвдисæнты. Барадхъахъхъæнджытæ куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй дыууæ хæдтулгæйы дæр басыгътой барæй. Фыдгæнæджы фæд-фæд сыстадысты Дзæуджыхъæуы пъæлицæйы кусджытæ. Уголовон агуырды æмæ пъæлицæйы 3-аг хайады кусджытæ Архонкæмæ фæзилæны фæгуырысхо сты æрыгон нæлгоймагыл йæ митæм гæсгæ. Уыимæ ма йæ дзаумæттæ кодтой сыгъды тæф. Знаггадгæнæг разынд раздæр ма ахæстоны чи бадт, ахæм 27-аздзыд нæлгоймаг. Уый йæ аххосыл басаст. Куыд радзырдта, афтæмæй хæдтулгæты хицæуттимæ зонгæ нæу, машинæтыл та бандзæрста барæй. Афтæмæй зиан æрхаста 1 милуан æмæ 250 мин сомы бæрц. Ныртæккæ знаггадгæнæг у ахст. Слестгæнджытæ ацы цауы фæдыл байгом кодтой уголовон хъуыддаг. Гæнæн ис æмæ фыдгæнæг ахæстоны фæбада 5 азы онг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Дзæуджыхъæуы пъæлицæйы 3-æм хайады кусджытæ æрцахстой хæдтулгæтыл чи бандзæрста, уыцы фыдгæнæджы

Категория:

Новости и СМИ