Арвыкомы фæндаг æмæ Транскам сæхгæдтой хæдтулгæты æппæт хуызтæн

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

600 уæзласæн хæдтулгæйæ фылдæр баззадысты лæугæйæ уадзæн пункт «Уæллаг Ларсы». Арвыкомы фæндаг дзы сæхгæдтой хæдтулгæты æппæт хуызтæн. Уый тыххæй хъусын кæнынц Æнæнхъæлæджы уавæрты министрадæй. Фæндаг сæхгæныны уынаффæ рахастой боныхъæды бæрæггæнæнтæ кæй февзæрдæр сты, уый аххосæй. Уæлдай зæрдæхсаинаг хъуыддаг сæвзæрд æфцæджы. Тæссаг дзы у зæйтæ рацæуынæй. Ныртæккæ уадзæн пункты лæууынц 640 уæззæутæ ласæн æмæ 38 рог хæдтулгæйы. Æдæпæттæй 754 адæймаджы. Шофыртæ æнхъæлмæ кæсынц, фæндаг кæд байгом уыдзæн, уымæ. Арæнтæм ввахс сифтонг кодтой хъармгæнæн пунктæ. Уымæй уæлдай ма, транспорты æппæт хуызтæн ацæуыны бар нæй Транскамыл дæр. Æвзæр боныхъæд ахæсдзæн дыууæ суткæйы дæргъы. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрадæй сидынц цæрджытæм, цæмæй сæ балцыл рагацау хъуыды кæной æмæ тæссаг рæттæм ма цæуой. Бахъуаджы рæстæг та хабар кæной ирвæзынгæнджытæм «101», кæнæ «01» сæрмагонд номыртæм. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Арвыкомы фæндаг æмæ Транскам сæхгæдтой хæдтулгæты æппæт хуызтæн

Категория:

Новости и СМИ