Пъæлицæйæгтæ рабæрæг кодтой тыхджын хостæ æнæзакъонæй чи уæй кодта ахæм къорд
Цæгат Ирыстоны пъæлицæйæгтæ рабæрæг кодтой тыхджын хостæ æнæзакъонæй чи уæй кодта ахæм къорд. Знаггадгæнджытæм ссардтой трамадолы 120 таблеткæйы. Наркотикты æнæзакъон зилдух ма руадзыны тыххæй барадхъахъхъæнджытæ сарæзтой оперативон-сгарæн мадзæлттæ. Сбæрæг кодтой раздæр ахст чи уыд уыцы 23 æмæ 27 аздзыд цæрджыты нæмттæ. Æмархайдæй бавдæлыдысты æмæ Цæгат Ирыстоны парахат кодтой трамадолы хос. Басгæрсты рæстæг закъонхалджытæм ссардтой героин дæр. Уый сæ хъуыд хи «пайда»-йæн. Знаггæдгæнджыты къорды сæргъы уыд 27 аздзыд нæлгомаг. Уый кодта æхцайы æмæ трамадол æлхæнын куыст. Уголовон кодексы 228-æм уац «Æнæзакъонæй наркотикон буаргъæттæ парахат кæныны тыххæй» фыстмæ гæсгæ закъонхалджытæ, гæнæн ис, æмæ ахæстоны ныр фæбадой 20 азы онг. Барадхъахъхъæнджытæ куыд рабæрæг кодтой, афтæмæй закъонхалджытæй трамадол æлхæдтой электрон фæрæзты руаджы. Æхца æрвыстой къорды разамонæджы электрон æхца æвæрæнмæ. Цы æфтиæгтæ сæм сæмбырд, уыймæй иу æлхæдтой æндæр æвзæр буаргъæдтæ. Уыдон дæр стæй фæнд кодтой адæмæн уæй кæнын, уæдæ дзы сæхæдæгдæр хъæстæ кодтой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Пъæлицæйæгтæ рабæрæг кодтой тыхджын хостæ æнæзакъонæй чи уæй кодта ахæм къорд
Категория:
Новости и СМИ