Алагиры 5-æм скъолайы ахуырдзаутæ нывыл кæнынц районы цы цыртдзæвæнтæ ис, уыдон
Уæлахизы бонмæ сæрмагонд мадзæлтты хыгъды нысангонд ис Фыдыбæстæйы Стыр хæсты цыртдзæвæнтæм базилын кæй хъæуы, уый. Ахæм бæрнон хæс сæхи исынц кæстæр фæлтæр. Республикæйы скъолаты ахуырдзауты сæ цæст дарзысты хæстонты цыртдзæвæнтæм. Ныридæгæн дæр ахæм куыст кæнынц. Зæгъæм, Алагиры 5-æм скъолайы ахуырдзаутæ нывыл кæнынц районы цы цыртдзæвæнтæ ис, уыдон. Базилынц сæм æмæ сæ ссыгъдæг кæнынц. Куыд алы хатт, афтæ та ныр дæр æнæзивæгæй сæ ахуыргæнджытимæ рацыдысты зиумæ. Цæгæраты Людмилæ ацы цыртдзæвæнмæ базилынмæ æрбацæуы æнæзивæгæй. Куыд зæгъы, афтæмæй ацы куыст тынг ахсджиаг у. Уымæн æмæ хорз зоны, йæ фыдæлтæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты цы хъæбатырдзинад равдыстой, уый. 5-æм скъолайы «Æнæмæлгæ полк»-ы бархионтæ сæ хæсыл банымайынц, алы аз дæр ацы мемориалон цыртдзæвæнмæ зилын. Йæ алывæрстæ йын ныммæрзынц, цыдæриддæр дзы бырон вæййы, уыдон аиуварс кæнынц, уæлдай кæрдæджытæй йæ суæгъд кæнынц, йæ алыварс цы бæлæстæ ис, уыдон ын чъырæй сцæгъдынц. Уымæй уæлдай ма Афганистаны хæсты чи фæмард, уыцы хъæбатыртæн дæр хицæнæй ис цыртдзæвæн, æмæ уым дæр сывæрынц дидинджытæ. 1985 азы Алагиры Хетæгкаты Къостайы номыл уынджы автостанцæйы æрывæрдтой мемориалон цыртдзæвæн се `мзæххон æфсæддонтæн Танк -Т34. Æвæрд у, Алагиры районæй хæсты быдыры хъæбатырæй чи фæмард, уыцы хæстонты кадæн. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты быдырмæ араст кодтой мин адæймагæй фылдæр. Абон ахуыргæнджытæ архайынц скъоладзауты патриотон хъомыладыл. 9-æм майы «Æнæмæлгæ полк»-ы рæнхъыты æрлæууынц ахуырдзаутæ сæ ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджытимæ. Ацы аз дæр та фæнд кæнынц сæ хъæбатыр хæстонты къамтæ «Æнæмæлгæ полк»-ы цыды хæссын. «Ацы мемориалон цыртдзæвæн не `мзæххонты номыл æвæрд куы `рцыд, уæдæй абоны онг не скъола йæхицæн хæсыл банымадта, цæмæй йæм зилæм. Фефснайæм дзы алы хатт дæр. Æрмæст сæрмагонд бонтæм æй нæ бацæттæ кæнæм, фæлæ - республикон субботникты рæстæг дæр. Иу сахатæй къаддæр ыл нæ бахъæуы. Сывæллæттæн лæгъстæ кæнын дæр нæ фæхъæуы, тынг зæрдиагæй бафснайынц. Æрмæст сын фæзæгъæм, бафснайæм цыртдзæвæн, зæгъгæ, æмæ кусынмæ вæййынц цæттæ», - Алагиры 5-æм скъолайы хъомыладон куысты директоры хæдивæг Айларты Иринæ. Райдайæн кълæсты ахуырдзаутæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты 75 азы юбилеймæ бацæттæ кодтой сæ ныййарджытимæ равдыст хæстон темæйыл. Скъоламæ бахизгæйæ, фенæн уыд хиконд хæстон дзауматæ - хæдтæхæг, танк, æнусон арт. Бацæттæ ма кодтой хæстон къамты равдыст дæр. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты тугкалæн бонтæн ферох кæнæн нæй. Рохгæнгæ нæу нæ фыдæлты хъæбатырдзинад дæр. Æрыгон фæсивæд æппынæдзух архайы, цæмæй сæ цыртдзæвæнтæ уой хæрззылд æмæ аив. Айларты Эмилия _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Алагиры 5-æм скъолайы ахуырдзаутæ нывыл кæнынц районы цы цыртдзæвæнтæ ис, уыдон
Категория:
Новости и СМИ