Ахуырмæ цæстдард
Сессимæ куыд цæттæ кæнынц æмæ семестры рæстæг студенттæ ногæй цы базыдтой, уый сбæрæг кодтой Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институты. Юрий Дмитрак, институты ректор, дзыллон фæрæзты минæвæрттимæ æрзылдис аудиторитыл. Йæ цæст æрдардта, экзаментæ куыд дæттынц, уымæ. Уыимæ ма, аныхас кодта ахуыргæнджытимæ дæр, æркаст экзамены гæххæттытæм. Ректоры ныхæстæм гæсгæ, ахæм цæстдард æнæмæнг хъæугæ хъуыддаг у. Уæлдай пайда уыдзæн, 2020-æм азы институт аккредитаци куы иса, уæд. Иннæ хатт йæ цæст ацы хъуыддагмæ æрдардзæн апрель кæнæ майы мæйы. Фидæны ахæм басгæрстытæ фæнд кæнынц арæхдæр аразын. Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институты ректор Юрий Дмитрак: «Студентты ахуыртæм цæст дарын æмæ сессийы рæстæг экзаментæм цæуын – мæнмæ гæсгæ уый у институты ректоры хæс. Хатдзæгтæ кæнгæйæ мæ бон зæгъын у, цы федтон, уымæй разыйæ баззадтæн. Æнæ къуылымпыдзинæдтæй дæр нæ вæййы. Фæлæ уыдоны тыххæй нæ дзурдзынæн. Уыцы фарстатыл нæ институты нæхæдæг бацархайдзыстæм. Студенттæй æмæ ахуыргæнджытæй дæр йæ хæстæ, куыд æмбæлы, афтæ чи не `ххæст кæны, уыдоны дæр сбæлвырд кæндзыстæм». Студенттæ басгæрсты тыххæй уæлдай катай нæ кодтой. Куыд зæгъынц, афтæмæй семестры æмгъуыды æмбæлгæ хуызы ахуыр кæнгæйæ экзамены рæстæг хъуамæ мацæуыл тыхсай. Институты ректорæн сæ зонындзинæдтæ равдыстой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ахуырмæ цæстдард
Категория:
Новости и СМИ