1-æм декабрæй фæстæмæ æртæ фæлтæры пенсиисджытæн фиддонтæ индексацигонд æрцæудзысты
1-æм декабрæй фæстæмæ æртæ фæлтæры пенсиисджытæн фиддонтæ индексацигонд æрцæудзысты. Дзырд цæуы, ноябры йæ æстай азы юбилейы сæрты чи ахызт, уыдоныл. Сæ пенсийы бæрц дыууæ хатты фылдæр фæуыдзæн æмæ суыдзæн дыууадæс мин сомы. Сæ фиддонтыл ма бафтдзæн, пенси ацы аз августы исын чи райдыдта, уыдонæн. Уæлæмхасæнæн сын фиддонтæ дӕтдзысты æртæ мæйы дæргъы. Ноджы ма фиддонтæ снысан кӕндзысты, ногæй бахыгъд кæныны фæдыл курдиæттæ чи балæвæрдта, уыдон дæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv