Хицауад дзырдтой Цæгат Ирыстоны равзæрды 100 азы бæрæгбонмæ цæттæ кæнæн мадзæлттыл
Цæгат Ирыстоны равзæрды 100 азы бæрæгбонмæ цæттæ кæнæн мадзæлттыл дзырдтой хицауады уæгтæ æмæ дзуапдæттæг ведомствоты минæвæрттæ. Æмбырд амыдта премьер Дзанайты Барис. Сæрмагонд пъланы бæрæгбоны фæдыл нысангонд æрцыд 14 мадзалы. Се'хсæн культурон-дзыллон мадзæлттæ, форумтæ, равдыстытæ, рухстауыны æмæ рауагъдадты архайд. Уымæй уæлдай ма рацараздзысты культурон нысаниуæгимæ объекттæ, сцалцæг кæндзысты уагдæттæ. Дзанайты Барис бабар кодта, цæмæй æппæт куыстытæ дæр афоныл æххæстгонд æрцæуой. Ныридæгæн бакуыстой номдарæн згъæрæхцайы символикæйыл, рауадздзысты ма сæрмагонд маркæ дæр. Республикæйы ацæудзысты концерттæ, конкурстæ, социалон-экономикон, прмышленнон æмæ инвестицион хъомысы презентацитæ æмæ регионы туристон гæнæнты. Уымæй уæлдай ма республикæйы культурæйы бонтæ ацæудзысты Мæскуыйы. Кусæг æмбырды архайджытæ загътой сæ хъуыдытæ юбилеймæ цæттæгæнæн мадзæлтты фæдыл. Дзанайты Барис бахæс кодта, æппæт мадзæлттыл дæр бæстонæй бакусын.