Абон Цæгат Ирыстоны ЗАГСЫ-ы кусджытæ бæрæг кæнынц сæ профессионалон бæрæгбон

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 просмотров

7 лет назад

Абон Цæгат Ирыстоны ЗАГСЫ-ы кусджытæ бæрæг кæнынц сæ профессионалон бæрæгбон. Не сфæлдыстадон къорд абалц кодта Дыгуры районмæ. Сæхи цæстæй федтой, æрвылбон дзы куыст куыд цæуы, уый. Ныртæккæ бынæттон ЗАГСы цавæр лæггæдтæ ис, æмæ ма цавæр фарстатыл кусынц, уый тыххæй уын бæлвырддæр радзурдзæн Къутæрты Аидæ. Гуцаты Иринæ Дигорайы ЗАГС-ы кусы 20 азæй фылдæр. Йæ сæйраг нысан у, Дигорайы бынæттон цæрджытæн лæггад кæнын. Йæхæдæг нын куыд радзырдта, афтæмæй адæмимæ кæй кусы, уымæ гæсгæ сæм къуылымпыдзинæдтæ дæр хатгай фæзыны. Фæлæ Иринæ йæ куыст бирæ уарзы, уымæ гæсгæ архайы, цæмæй ацы бынатмæ чи æрбацæуы, уыдон æмбæлгæ æххуыс райсой, уый. Гуцаты Иринæйæн йæ мад дæр ацы бынаты бирæ азты куыста, 30 азæй фылдæр. Йæ мад ын кæдæридæр уыд дæнцæг. Уымæ гæсгæ равзæрста ацы цымыдисаг дæйсныйад. Гуцаты Иринæ ацы дæсныйад равзæрста, юридикон факультеты куы ахуыр кодта, уæд. Уый никуы фæфæсмон кодта, адæмæн лæггад кæй кæны, уымæй. Ныртæккæ йе 'мкуcæгимæ архайынц, цæмæй адæм Дыгуры районы ЗАГСЫ-ы куыстæй разы уой, ууыл. Иу бонмæ ЗАГСЫ-мæ æрбацæуынц 15 адæймагæй фылдæр. Уыдон иууылдæр райсынц æмбæлгæ æххуыс. Ныридæгæн ЗАГСЫ-кусджытæ сфидар кæнынц фыдæлдзинады бæрæгдар, аркæсынц алыхуызон курдиæттæм æмæ ма бирæ æндæр лæггæдты хуызтæм. Сæйрагдæр сын у, цæмæй сæ куыст адæмæн пайдадзинад хæсса. Къутæрыт Аидæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Абон Цæгат Ирыстоны ЗАГСЫ-ы кусджытæ бæрæг кæнынц сæ профессионалон бæрæгбон

Категория:

Новости и СМИ