Дзанайты Барис амыдта цæгат ирыстоны инвестицион советы æмбырд
Хицауады æрныхас кодтой фысымуæтты æмæ хæрæндæтты бизнес, туризм, агропромышленнон комплекс æмæ спорты къабæзты раззагдæр проекттыл. Премьер Дзанайты Барис амыдта инвестициты фарстаты фæдыл советы æмбырд. Йæ архайджытæ æркастысты егъау инвестицион проекттæ аразынæн зæххы хæйттæ æнæ базарадон архайдæй æрмæст курдиæттæм гæсгæ хаццоны раттыны фарстамæ. Дзанайты Барис куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй нæ республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло инвестициты рæзтмæ уæлдай цæстæнгас кæй здахы. Республикæйы фæнды ног егъау проектты бацархайын. Уыимæ сæ аразын та хъæуы æппæт архайджыты фæндонтæ æмæ домæнтæ нымайгæйæ.