Æвзæр боны хъæды фæстæ фыдбылызтыл афæлгæст

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

Боныхъæд а-фæстаг рæстæг йæхи алыхуызонæй кæй æвдисы, уый Рахизфарсы районæн иу æмæ дыууæ бæллæхы не`рхаста. Æрæджы цы тæркъæвдатæ æмæ их æрцыдысты, уыдон цæрджыты тынг бахъыгдардтой. Ныхас канд исбоныл нæ цæуы, хъыгдард баййæфтой фермерты хуымгæндтæ дæр. Зæрдиагæй цы фæллоймæ æнхъæлмæ кастысты, ууыл ныр сæ къух ауыгътой. Сæ фыдæбон фæдзæгъæлы. Ногæй сæ быдыры куыстытæ бакæндзысты, æви нæ? Нæ дарддæры æрмæджы. Цы байтауай, уый æркæрддзынæ, æмæ кæд Рахизфарсы районы фермертæ иннæтæй уæлдай къаддæр нæ бакуыстой, уæддæр боныхъæд æгъатырдæр разынд. Хуыгаты Георгий йæ фæллойыл йæ цæст ахæссы. Фæнды йæ фыдбылыз цас зиан æрхаста, уый бамбарын. Хуымгæндæн зæхх хаццоны райста. Ныссагъта дзы 85 гектары нартхор.  Бахардз кодта бирæ тых æмæ хъару, уæдæ фæрæзтæ дæр афтæ. Фæлæ æрдзон уавæрты ныхмæ зын тох кæнæн у, их тыллæгæн йæ фылдæр хай ныццагъта. Æрæджы цы тæркъæвдатæ уыдысты, уыдон тынг бахъыгдæрдтой Рахизфарсы районы иннæ быдыртæ дæр. Уымæй уæлдай-ма арв æмæ зæхх баиу сты, тыллæг ихæй ныххоста. Уыцы бæллæхты фæстæ та хур йæ зынг цæстæй ныккаст. Боныхъæды къулбадæг миты тыххæй зæхх цъар æрæвæрдта æмæ уæлдæф мæрмæ нал цæуы. Фæстиуæг: их æмæ къæвдатæ цы талатæ нæ бахъыгдардта, уыдон дæр ма сæфын райдыдтой. Рахизфарсы районы иунæг фермер дæр нæй, боныхъæд кæй быдыры нæ базнаггад кодта. Æдæппæтæй районы ис хуымгæнды 25 мин гектары, уыдонæй 1,5 мин гектарæй ацы аз ницыуал пайда ис. Ацы æрдзон уæлдай тынгдæр фæзынд Цæлыккыл, бафхæрдта сыхаг хъæу Заманхъул дæр. Рахизфарсы районы администрацийы куыд фехъусын кодтой, афтæмæй, фыццаг хатт нæу. Фыдбылыз цы зиан æрхаста, уымæн аргъ скæнынмæ хъæууон хæдзарады министрад бынæттæм арвыста къамис. Цæмæй иу гектарыл нартхор ныссадзай, уый тыххæй фермер бахардз кæны 35 мин сомы. Бирæтæ уыцы æхца банчы райсынц. Уыимæ сæ сæ тыллæг бахъахъхъхæнынмæ нал равдæлы. Рахизфарсы районы хыгдард баййæфтой 26 хæдзарады. Фермертæ ногæй нартхор саддзысты æви нæ, уый бæлвырд нæу, фæрæзтæ сæм нæй. Ныртæккæ сæйрагыл нымайынц, цы ис уый бахъахъхæнын. Æнхъæлмæ кæсынц боныхъæды маст кæд ссæудзæн, уымæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Æвзæр боны хъæды фæстæ фыдбылызтыл афæлгæст

Категория:

Новости и СМИ