Республикæйы дарддæр иуварсгонд цæуынц æрдзон фыдбылызы фæстиуджытæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

224 просмотра

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

Республикæйы дарддæр иуварсгонд цæуынц æрдзон фыдбылызы фæстиуджытæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

224 просмотра

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

224 просмотра

3 года назад

Республикæйы дарддæр иуварсгонд цæуынц æрдзон фыдбылызы фæстиуджытæ. Куыстытæ кæронмæ æрхæццæ кæнынц Дзæуджыхъæуы Магкæты Зурабы номыл уынг æмæ Шмулевичы номыл уынджы. Посёлок Южныйы та ныр æртыккаг бон архайынц 500 адæймагæй фылдæр, уыимæ алыхуызон техникæйы 30 иуæджы. Дзæуджыхъæуы администраци бынаты бацæттæ кодтой хъарм хæринаджы пункт дæр. Йæ бон æрбацæуын кæмæн нæ уыд, уыдон та æххуыс кодтой, æмæ абон дæр кæнынц, сæ бон цæмæй у, уымæй. Æлборты Артур æмæ йæ хæлæрттæ Южныйы цæрджытæн æххуыс кæнынц, æрдзон фыдбылыз цы бон æрцыд, уæдæй нырмæ. Цал лæппуйæ æрбацыдысты, уый банымайын дæр зын у.  «Мах бархионтæ не стæм - мах æрбангом кодта иу хъуыддаг», — зæгъынц фæсивæд. Ирыстон хъахъхъæнджыты номыл уынгыл фыццаг бонты нæ уыд ацæуæн нæдæр хæдтулгæтæн, нæдæр цæрджытæн. Æлыг, бырон æмæ хъæдæрмæджы бын фесты ноджы цалдæр уынджы. Ныридæгæн сæ иууылдæр ссыгъдæг кодтой. Æртыккаг бон специалисттæ, бархионтæ, администрацийы уæнгтæ удуæлдайæ лæггад кæнынц. Æрвылбон 500 адæймагæй фылдæр æмæ техникæйы 30 иуæджы кусынц уынгтæ кæронмæ ссыгъдæг кæныныл. Уæвгæ, фылдæр куыст ис хæдзæртты. Ам нырма дæр архайынц ныггæндæй дон сцъирыныл, цъыф ракалыныл. Уæдæ хуымгæндтæн дон къаддæр знаггад не 'рхаста. Адæмæй иутæн суанг хæринаг скæнынмæ дæр рæстæг æмæ фадат нæй. Горæты администрацийы разамынд бынаты бацæттæ кодтой хъарм хæринаджы пункт. Куыстытæ кæронмæ æрхæццæ кæнынц Магкæты Зураб æмæ Шмулевичы номыл уынгты дæр. Бырон ласынц Спецэкосервисы кусджытæ. Дзæуджыхъæуы разамынды ныхæстæм гæсгæ, æппæт фæстиуджытæ аиуварс кæнынæн ма хъæуы иу бон.

, чтобы оставлять комментарии