Гуырдзыстон æмæ Хуссар Ирыстоны `хсæн рауад быцæу

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Паддзахадон арæны æнæзакъон посты хъуыддаджы тыххæй иу хъуыдымæ кæй не рцыдысты, уый аххосæй Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ Паддзахадты ‘хсæн быцæутæ иуварс кæныны сæрмагонд æмбырд ныууагътой. Бадомдтой, цæмæй расомы 6 сахатмæ, арæнты пост кæй айсой, уый, фæлæ Гуырдзыстоны хицауад не`сразы ис. Раздæр Хуссар Ирыстоны паддзахадон æдасдзинады комитетæй куыд хъусын кодтой, афтæмæй Гуырдзыстон дарддæр Знауыры районы Цънелисы хъæумæ хæстæг аразы æнæзакъонæй арæнты пост. Ацы районы æппынæдзух фенæн вæййы гуырдзыстоны пъæлицæйæгты. Республикæйы президент Библты Анатолий абалц кодта уыцы бынатмæ. Бабрæг кодта бынæттон цæрджыты æмæ сын зæрдæ бавæрдта, æндасдзинады фарстаты æххæстгонд кæй цæуынц, уымæй. Барадхъахъæгджытæн бахæс кодта уавæрмæ лæмбынæг æркæсын. Бæлвырддæр хабары тыххæй радзурдзæн нæ уацхæссæг Уазиты Зæлинæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Гуырдзыстон æмæ Хуссар Ирыстоны `хсæн рауад быцæу

Категория:

Новости и СМИ