Дзæуджыхъæуы пъæлицæйы кусджытæ æрцахстой фыдгæнджыты
Дзæуджыхъæуы пъæлицæйы 2-æм хайадмæ æххуысагур æрбацыд бынæттон сылгоймаг. Куыд радзырдта, афтæмæй цы бирæуæладзыгон хæдзары цæры уый поъездæй йын адавдтой 2 велосипеды. Пъæлицæйы кусджытæ цырд фæлæууыдысты. Сгарæн-агурæн мадзæлтты фæрцы ссардтой фыдгæнæджыты. Фæстæдæр уыдон пъæлицæйы хайады сæ аххосыл басастысты. Куыд бамбарын кодтой, афтæмæй фыдракæнд сарæзтой барæй. Уыдон базигул кодтой цалдæр подъезды, афтæмæй фæхæст сты сылгоймаджы велосипеттыл. Фыр цинæй хæдзары видеоцæстарды камерæйы ис, уый дæр нал `рхъуыды кодтой. Пъæлицæйы кусджытæ сæ уайтагъд уый руаджы ссардтой. Велосипедтæ сæ хицаумæ фæхæццæ сты. Пъæлицæйы кусджытæ сидынц цæрджытæм цæмæй къæрцъхъусдæр уой. Сæ мулк хъахъхъæной. Сæрдыгон рæстæг велосипеттæ давыны хъуыддæгтæ сарæх вæййынц. Уымæ гæсгæ сæ æвæрын хъæуы хæдзармæ хæстæг. Уыимæ ма видеоцæстарды камерæты бынмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы пъæлицæйы кусджытæ æрцахстой фыдгæнджыты
Категория:
Новости и СМИ