Хъуыддагмæ се`ргом раздæхтой
Æппæтуæрæсеон адæмон фронты Цæгат Ирыстоны уæнгтæ архайынц цæмæй Беслæны бирæуæладзыгон хæдзæртты хъармгæнæн гæрзтæ сног кæной. Хъармгæнæн рæстæджы агъоммæ æппæтуæрæсон адæмон фронты регионалон хайадмæ сæ курдиатимæ фæсидысты Беслæны Сиговы номыл 52-æм æмæ Уæлахизы уынджы 65 хæдзæртты цæрджытæ. Курдиаты куыд фæнысан кодтой, афтæмæй хæдзæртты рæстæгæй - рæстæгмæ сæхгæнынц хъарм дон. Фарстайы фæдыл æхсæнадон архайджытæ æрныхас кодтой Рахизфарсы районы хицауад æмæ разамындæттæг компанийы минæвæрттæ- цæрджытимæ фембæлды рæстæг. Æмбырды архайджытæ дзырд радтой фарста цыбыр рæстæгмæ кæй аиуварс кæндзысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хъуыддагмæ се`ргом раздæхтой
Категория:
Новости и СМИ