Вахтанговы хæдзары арт-кафейы равдыстой ирон мультфильм мыст æмæ арсы цауты тыххæй
Цымыдисаг æмæ тыхджын хæлардзинады истори. Вахтанговы хæдзары ацыд "Дзæрдæг æмæ Хорческæ" мультфильмы премьерæ ирон æвзагыл. Снысан æй кодтой Хетæгкаты Къостайы райгуырды бонмæ. Мультипликацион кинонывы æвдыст цæуынц дыууæ лымæны ахастдзинæдтæ. Дзæрдæг у арс, хæларзæрдæ музыкант. Хорческæ — гыццыл сидзæр мыст. Бæллы нывгæнæг суæвынмæ, фæлæ цавæрдæр домæнтæм гæсгæ, хъуамæ суа дæндӕгты дохтыр. Æмæ кæд æхсæнад сæ хæлардзинады ныхмæ у, уæддæр сты иумæ. Французаг-бельгийаг мультфильмыл куыст цыдис нырма уалдзæджы. Уæлдай æргом, кæй зæгъын æй хъæуы, аздæхтой тæлмацмæ. Сæйраг хъайтартæ сдзырдтой Баскаты Роберт æмæ Æлбегаты Илитæйы хъӕлӕстӕй. Æдæппæтæй проектыл архайдтой 20 адæймаджы, сæ фылдæр — лæвар. Хъæппæрис сæххæст кодтой "Ирон федераци" ӕмӕ студи "Зæрватыкк" иумӕ. Лентæ фæнд кæнынц ахуырадон программæйы хуызы æвдисын дæр. Архайдзысты йæ диаспоратæ æмæ æхсæнадты 'хсæн парахат кæнын. Сæйраг нысан — зындгонд мультфильмты руаджы сабитæм рæзын кæнын мадæлон æвзагмæ уарзондзинад.