Адæмæн æххуыс
Регионалон къуырийы фæлгæты Паддзахадон Думæйы депутат Мæхъиты Зураб, фембæлд республикæйы цæрджытимæ. Уыди Дзæуджыхъæуы. Ацы хат исæн уатмæ æрбацыд 30 адæймагæй фылдæр. Тыхсын сæ алыхуызон фарстатæ кæнынц. Кæйдæр республикæйы автомобилон спорты федераци байгом кæнынæн æххус хъæуы. Кæй Архонкæйы аграрон кустуат байгом кæнын фæнды æмæ æххуысагур æрбацыд. Бирæты тыхсын кæнынц ипотекæйы фиддонтæ, социалон, цæрæнуæтты æмæ коммуналон хæдзарады фарстатæ. Æххуысагур æрбацыди республикæйы сывæллæтты санаторий «Юность»-ы сæйраг дохтыр дæр. Фæнды йæ цæмæй бæстыхайы алфамблаймæ базилой æмæ дзы сывæллæттæн саразой хъазæн фæзтæ. Мæхъиты Зураб зæрдæ бавæрдта, фарстамæ йæ хъус кæй æрдардзæн, уымæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Адæмæн æххуыс
Категория:
Новости и СМИ