Комкоммæ ныхас
Битарты Вячеслав фембæлд Æрыдоны районы цæрджытимæ. Ацы хатт нæ республикæйы сæргълæууæгмæ сæ фарстатимæ æрбацыдысты Къостайы хъæу æмæ Кировы хъæуы цæрджытæ. Традицимæ гæсгæ Битарты Вячеславимæ районмæ ацыдысты министрадты æмæ профилон уагдæтты минæвæрттæ. Фарстатæ бирæ уыдысты. Сæйрагдæр- зæххыты. 1000 гектры зæхх равæрдтой аукционы. Уыцы хъуыддаг тыхсын кæны Къостайы хъæуы цæрджыты. Битарты Вячеслав зæрдæ бавæрдта ацы фарста аиуварс кæнынмæ сæм кæй фæкæсдзæн. Зæххытæ ратдзысты бынæттон цæрджытæн. Уыдонæн бар уыдзæн зæххытыл кусын фæлæ сæ сæ бон къухæй къухмæ хаццоны раттæн нæ уыдзæн. Æрдзырдтой ма доны фарста йыл дæр. Доны хæтæлтæ районы заууатмæ æрцыдысты. Битарты Вячеслав цæрæнуæтты комуналон хæдзарады министр Тамайты Майранæн бабар кодта ацы хъуыддагыл бакусын. Къостайы хъæуы цæрджытæ та нæ республикæйы сæргълæууæгæн радзырдтой сæ хъæуы спортивон фæз кæй нæй уый тыххæй. Дзуапп сын раттой: Цæмæй хъæугæ гæххæтытæ æрымбырд кæной æмæ сæ курдиат бадæттой федералон программæйы архайынмæ. Сæргълæууæгимæ æмбырдмæ ма æрбацыдысты Æрыдоны районы иннæ хъæуты минæвæрттæ дæр. Зæгъæм Цымытийы Цæрджытæ хъаст кодтой хъæуы фæндæгтæ æвзæр уавæры кæй сты уымæй. Уымæй уæлдай ма сæ культурæйы хæдзар дæр заууатмæ кæй æрцыдис, хъæуы йæ цалцæг кæнын. Битарты Вячеслав куыд фехъусын кодта афтæмæй хъæуы федералон программæ мæ гæсгæ сараздзысты ног объект. Иу риссаг фарста ма -куысты бынæттæ кæй нæ фаг кæны уый. Фæсивæд кæм фыдæбон кæной уый нæй. Уый тыххæй Битарты Вячеслав загъта кусын кæй фæнда уый куыст ссардзæн,зæгъгæ. Фæлæ сын зæрдæ бавæрдта ацы хъуыддаджы дæр сæм фæкæсдзæн уымæй. Куыд бафиппайдта афтæмæй хъæуы хъæууон хæдзарады куыст кæнæн ис. Хъæугæ фадæдтæ сын аразынц. Бынæттон цæрджытæ ма рæвдауæндæтты бынæттæ фаг кæй нæй ууыл дæр тыхсынц. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Комкоммæ ныхас
Категория:
Новости и СМИ