Комкоммæ ныхас
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячелав абон фембæлыд республикæйы цæрджытимæ. Уыдон æм æрбацыдысты сæ цардыуаджы фарстатæ фæрогдæр кæнынмæ. Сæ фылдæр баст уыдысты хи фарстатимæ æмæ фæрæзтæй баххуыс кæнынимæ. Горæты цæрджытæй иу æрбацыд курдиатимæ, цæмæй йын цы бирæуæладзыгон хæдзары цæры, уый кæрт сцалцæг кæной. Битарты Вячеслав бахæс кодта Дзæуджыхъæуы администарцийæн, цæмæй сын сæ кæрты ног асфальт, бадæнтæ, хъазынæн фæз æмæ рухс сæвæрой. Ахæм фарста разынд Весеннийы уынджы цæрджытæм дæр. Уыдонæн дæр зæрдæ бавæрта. Цалцæггæнæн куыстытæ цæуынц Афгайнаг скверы дæр. Цæмæй афойнадыл конд æрцæуой, уый тыххæй ракуырдтой респбуликæйы сæргълæууæгæй, цæмæй сæм йæ хъус æрдара. Змейкæйы станицæйы нæй футболæй хъазынæн фæз. Футболон комадæйы тренер æрбацыд Битарты Вчеславмæ ахæм курдиатимæ. Уый загъта, тагъд сын гом арвы бын ног спортивон фæз кæй сараздзысты. Стыр стадион та тагъд фæзындзæн Елхотты. Уæлдай æргом, республикæйы сæргълæууæг аздæхтæ йе*нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы адæймæгтæм. Се*пæтæн дæр ныфс бавæрта æнæмæнг кæй баххуыс кæндзæн, уымæй. Цæрджытæ ма æрбацыдысты курдиæттимæ, цæмæй сын баххуыс кæной хъæууон хæдзарады куыст кæнынæн. Камбилеевкæйы цæрæджы фæнды форс дарын, фæлæ йын грант ацы аз нæ радих кодтой. Битарты Вячеслав ын загъта, профилон министримæ хъуыддагмæ кæй æркæсдзысты, уый. Ахæм курдиат разынд Ходы хъæуы цæрæгмæ дæр. Сылгоймаг кусы ахуыргæнæгæй, фæлæ уымæй уæлдай самал кодта йæхи фермæ. Ныр гæнæнтæ фæуæрæхдæр кæнынæн æй хъæуы æххуыс. Республикæйы сæргълæууæг йæ хъуыдыйæ разыйæ баззад. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Комкоммæ ныхас
Категория:
Новости и СМИ