Фидæны чемпионты ерыс
Цæгат Ирыстоны райдыдта республикон чемпионат панкратионæй. Абон гауызмæ рацыдысты 8 азæй 15 азы онг кæуыл цæуы, ахæм спортсментæ. Райсом та хуыздæр спортсмены ном райсыныл тох кæндзысты, 16 азæй фылдæр кæуыл цæуы, ахæм фæсивæд. Æдæппæтæй ерысты архайынмæ курдиæттæ балæвæрдтой 200 адæймаджы республикæйы алы районтæй. Панкратион нæ республикæйы æрæджы фæзынд. Фæлæ цыбыр рæстæгмæ нæ спортсментæ алыхуызон ерысты архайгæйæ равдыстой хорз бæрæггæнæнтæ æмæ-иу уыдысты уæлахиздзауты хсæн. Ныридæгæн республикæйы ис Европæ æмæ Уæрæсейы чемпионтæ панкратионæй. Цæллагты Хуысинæ - тренер: «Нæ лæппутæ æвдисынц хорз бæрæггæнæнтæ. Кæд федераци бирæ рæстæг нæ кусы, 2 азы йеддæмæ ныл нæ цæуы, уддæр цæмæй раппæлæм уый нæм ис. Ацы ерысты чи фæуæлахиз уа, уыдон архайдзысты Уæрæсейы чемпионты. æмæ сын мæнæ сæ цæттæдзинадмæ кæсын æмæ мæм афтæ кæсы, цыма дзы бирæтæ Дунеон чемпионтæ дæр кæй суыдзысты, уый». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Фидæны чемпионты ерыс
Категория:
Новости и СМИ