Ахæм хабæрттæ // 22 апреля 2019
Цæгат Ирыстоны куыстуæттæн дотацитæ нал радих кæндзысты, газ æмæ рухсæн хæстæ кæй скодтой, уый тыххæй. Ныхас цæуы регионалон бюджеты фæрæзтæй чи архайы, ахæм куыстуæтты тыххæй. Электрон тыхы хæс сын ныртæккæ у – 69 милуан сомæй фылдæр. Цæмæй ацы фарста фæрæстмæ уа, уый тыххæй бакусдзысты профилон уагдæттæ дæр. Зæгъæм, «ЦæгатКавказЭнерго». Уыцы хъуддагыл ныр хъуамæ бакуса йæ ног разамонæг. Абон æй официалон æгъдауæй снысан кодтой. Филиалы ног разамонæг сси Таболты Алыксандр. Кусгæ чи нæ кæны, уыцы адæмæн сæ пенситы социалон фиддонты нымæц ногæй банымайдзысты. Ахæм ивддзинæдтæ æрцæудзысты, Паддазахадон социалон æххуысы тыххæй федералон закъоныл æнцагæйæ. Раздæр куыд уыд, афтæмæй пенситы социалон фиддонты бæрц нымад цыд индексацийы æмæ алы мæй дæр æхцайы æххуысы, руаджы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ахæм хабæрттæ // 22 апреля 2019
Категория:
Новости и СМИ