Мичуриныхъæуы аразынц иувæрсты цæуæг фæндаг
Мичурины хъæуы тагъд фæзындзæн иувæрсты цæуæг фæндаг. Уый дзуапп дæтдзæн æппæт нырыккон домæнтæн дæр. Пайда уыдзæн куыд хъæуы цæрджытæн, афтæ нæ республикæмæ цæуæг адæмæн дæр. Фæндаджы проект у цæттæ. Ныртæккæ куыстытæ сæ тæмæны сты. Иувæрсты цæуæг фæндаджы дæргъ - 5,648 км. Райдайдзæн Нартыхъæумæ фæзилæнæй, цæудзæн Мичуриныхъæуы рахиз фарссты, дарддæр дзуарæвæрд кæндзæн Фарн-Къоста-Мичурин æмæ фæуыдзæн хъæуы кæрон. Ацы зæххы хайы хъуамæ саразой 3 уæлдæфон уатццаджы, фосæн ахизæн æмæ хид. Ныртæккæ куыстытæ сæ тæмæны сты. Куыстуат «Марс-Эр»-ы генералон подрядчик Туаты Майрæмы ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ кусынц ног технологитæм гæсгæ. Цæттæ у фæндаджы проект дæр. Уымæ гæсгæ лыстæг æркæсæн ис, фæндаг куыд арæзт цæудзæн, уый. Æмæ нæ республикæйы хицауад дæр дзæгъæлы нæ райдыдта ацы фæндагыл архайын. Æрæджы Мичуриныхъæуы цæрджыты æмбырды адæм Битарты Вячеславмæ радтой фарста иувæрсты цæуæг фæндаджы тыххæй. Хъæуы æмбырды адæммæ фæзынд ахæм хъуыды, цæмæй сын хицауад баххуыс кæна сæ фарстайы фæдыл. Уымæн æмæ адæм цалдæр азы дæргъы тыхсынц уæзласæн хæдтулгæтæй, бензины тæфæй æмæ пробкæтæй. Нæ республикæйы фæндаггон хæдзарады разамынды ныхæстæм гæсгæ, хъуамæ цыбыр рæстæгмæ фæзыной иувæрсты цæуæг фæндæгтæ. Ныртæккæ ахæм фæндæгтæ сты Æрыдоны, Дигора æмæ ма тагъд рæстæджы фæзындзæн Мичуринæйы дæр. Туаты Майрæм куыд бафиппайдта, афтæмæй фæндаг дзуапп дæтдзæн æппæт нырыккон домæнтæн дæр. Ныртæккæ ацы фæндагыл кусынц 100 адæймагæй фылдæр. Алкæмæдæр сæ ис сæрмагонд хæстæ. Арæзт сын æрцыд æппæт æмбæлгæ уавæртæ, цæмæй сæ куысты мидæг къуылымпыдзинæдтæ ма уа, уый тыххæй. Къутæрты Аидæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Мичуриныхъæуы аразынц иувæрсты цæуæг фæндаг
Категория:
Новости и СМИ