Сергей Меняйло фембæлд Россельхозбанчы разамындимæ
Сергей Меняйлойы базонгæ кодтой Россельхозбанчы æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды Георгий Филимоновимæ. Уый банчы хъуыддæгтæн дзуапп дæтдзæн æмæ æмгуыст кæндзæн регионы разамындимæ æмæ федералон хицауадимæ. Кусæг фембæлды ма архайдтой Россельхозбанчы разамынды сæрдары хæдивæг Денис Константинов, банчы Стъараполы филиалы директор Алексей Сенокосов æмæ банчы бизнесы райрæзты цæгатирыстойнаг центры разамонæг Мзокты Олег. Республикæйы сæргълæууæг Георгий Филимоновæн йæ куысты ног бынаты фæдыл арфæ ракодта. Цæгат Ирыстон дарддæр дæр цæттæ у Россельхозбанкимæ иумæ æмгуыст кæнынмæ. Æмбырды архайджытæ ма æрныхас кодтой аграрон къабазæн æххуысы мадзæлттыл, регионы инвестицион гæнæнтыл. Банчы архайдимæ социалон æмæ коммерцион проектты райрæзтыл.