Дзæуджыхъæуы 1-æм поликлиникæйы кусы медикон-психологон консультациты кабинет
Медикон-психологон консультацитæ ныртæккæ сты ахсджиаг. Уый тыххæй фехъусын кодтой Дзæуджыхъæуы 1-æм поликлиникæйы. 1-æм июнæй фæстæмæ дзы психологмæ æрбацыдысты 11 адæймаджы. Се 'хсæн уыдис сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ, лигъдонтæ æмæ нæ бæстæйы ног регионты цæрджытæ. Алкæмæн дæр дзы дзæбæхгæнæн мадзæлттæ сты алыхуызон. Фыццаг æркасты пациенты уавæр сбæрæг кæнынц, тестытæ ныффысынц. Кæд адæймаг фынæй æмæ хæргæ æвзæр кæны, уæд æй æндæр æмбæлгæ специалистмæ дæр арвитынц. Ноджы ма 1-æм поликлиникæйы кусы æнхъæлцау сылгоймæгтæн медикон-социалон æххуыс бакæныны кабинет дæр. Уырдæм æрбацæуынц, хыгъды сылгоймæгтæй чи слæууы, уыдон иууылдæр. Консультацитæ сын фæкæнынц акушер-гинеколог, юрист, психолог. Æнхъæлцау сылгоймæгтæй бирæтæ мæт фæкæнынц, ноджы иу сывæллоныл ма кæй нал аххæсдзысты. Дохтырты ныхæстæм гæсгæ, ахæм уавæры фидæны мадæлтæн бамбарын кæнын фæхъæуы, иунæг кæй не сты.