Ахсджиаг рæстæг

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

9 лет назад

Цæгат Ирыстоны хъæууон хæдзарадмæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, уыдонæн райдыдта ахсджиаг рæстæг. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй республикæйы æрдзон уавæртæ æмбæлгæ сты хъæдур садзынæн, уæлдайдæр та сойæ. Фæлæ цæмæй хъуыддаг фæрæстмæ уа, уый тыххæй ахæм уавæртæ фаг не сты. Технологитæ хъæуы раст равзарын æмæ сæ спайда кæнын, уый та у фермерты сæйраг хæс. Рахизфарсы районы быдырты куыстытæ куыд цæуынц, уый тыххæй - нæ дарддæры æрмæг. Селекцион æмæ мыггаджы куыстуат "Ир-Агро" райдыдта сæхи сойæйы мыггæгтæ садзын. Зæхкусджыты хъуыдымæ гæсгæ фæззæджы æрæмбырд кæндзысты хæрзхъæд æмæ бæркадджын тыллæг. Цы сойæйы ног мыггаг рауагътой, уымæн йæ ном у "Ирыстон". Ис дзы бирæ урсаг - 40 % фылдæр, фæсарæйнаг сойæйы мыггæгтæй у хуыздæр. Цæгат Ирыстоны Рахизфарсы районы пайдайаг сойæ ныссадзынц 600 гектарыл. Боныхъæд хорз куы уа, уæд иу гектарæй æрæмбырд кæнын къухы бафты 4 тонны бæрц. Селекцион сойæмæ ис иу хорздзинад, цыфæнды æвзæр рæстæгæн дæр у фæразон, цавæрфæнды знаггад хæссæг сасчъыты ныхмæ фидар фæлæууы, уæдæ йæ нæмгуытæ дæр зети фылдæр дæттынц. Нæ республикæйы сойæйæ кæнынц, бирæ урсаг кæм ис, ахæм хойрæгтæ. Уымæ гæсгæ сæ æлхæнынц æмæ пайда кæнынц фылдæр фермерон хæдзарадтæ. "Ир-Агро"-йы специалисттæ сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй Цæгат Ирыстоны æрдзон уавæртæ хъæдуры алы хуызтæ зайын кæнынæн сты иттæг хорз. Ныссадзыны размæ мыггæгтæ ацæуынц сæрмагонд бакуыст. Цæмæй хуыздæр рæзой, уый тыххæй сæ схъæздыг кæнынц бактеритæй. Быдыр та афтæ слæгъз кæнынц, æмæ дзы иунæг къуыбыр дæр цæмæй ма уа. Уый уый тыххæй æмæ цæмæй тыллæг æмбырдгæнгæйæ иунæг хъæдур дæр ма фесæфа. Уый фæстæ зæхх ссыгъдæг кæнынц хæмпæлгæрдæгæй, зианхæссæг сасчъытæй, донæй сæ бафсадынц. Сойæмæ зилын æнцон нæу. Уымæ гæсгæ, ацы куыст æрæджы чи райдыдта кæнын, уыдонæн хæрзхъæд тыллæг æрæмбырд кæнын фылдæр хатт сæ къухы нæ бафты. Хъæууон-хæдзарады министрады æххуысхъуаг чи у, уыдонæн дзы зæрдæ `вæрынц. Уæдæ сын сæ фæлтæрддзинад дæр нæ бавгъау кæндзысты, уыдон та сын уыдзысты пайда. Ныртæккæ Цæгат Ирыстоны быдыры куыстытæ сæ тыхы бацыдысты. Канд сойæ нæ садзынц. Нæ республикæйы хъæууон-хæдзарадон куыстуæттæ цæттæ кæнынц быдыртæ нартхор, картоф, хурмæзилæг, уалдзыгæнд хъæбæрхор, сысджы, тымбылхъæдур æмæ холлагæн чи бæззы, ахæм культурæтæ. Уыдонимæ ма, иу афæдз чи зайы, ахæм кæрдæджытæ. Горæтгæрон, Мæздæджы, Кировы районы фæзындзысты сæнæфсиры хуымтæ. Майы та æрæвналдзысты пъæмидортæ æмæ джитъритæ садзынмæ. Фæззæджы тыд культурæты тыллæг æфснайын райдайдзысты июлы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Ахсджиаг рæстæг

Категория:

Новости и СМИ