Цъыккаты Владимиры уголовон хъуыддаджы фæдыл радон æмбырд аргъæвтой 11 мартъимæ
Цъыккаты Владимиры уголовон хъуыддаджы фæдыл радон æмбырд та абон аргъæвтой. Азымджынтæй иуæн йæ адвокат кæронмæ нæма сдзæбæх. Уæдæ Цъыккаты бинонты фарсхæцæг дæр низы аххосæй æмбырдмæ нæ сæмбæлд. Фæлæ Цъыккаты Земфирæ куыд фæнысан кодта, афтæмæй йæ уый æппындæр ницы бахъыгдардтаид. Æмбырдмæ цæттæ уыд. Фæлæ йæ тæрхонгæнæг уæддæр æндæр бонмæ аргъæвта. Радон æмбырд уыдзæн 11 мартъийы 11 сахатыл. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм. ацы хъуыддаг адæмы кæй сæнкъуысын кодта. Абон Цъыккаты бинонты фарсмæ æрбалæууыдысты æхсæнады минæвæрттæ æмæ блогертæ. Цъыккаты Земфирæ йæхæдæг раздæрау хъуыды кæны, хъуыддаг барæй кæй дæргъвæтин кæнынц. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цъыккаты Владимиры уголовон хъуыддаджы фæдыл радон æмбырд аргъæвтой 11 мартъимæ
Категория:
Новости и СМИ