Ахæм хабæрттæ // 4 февраля 2020
Цæгат Ирыстоны таможнæ 2019 азы куыстæн скодта хатдзæгтæ. Уый фæдыл сарæзтой сæрмагонд æмбырд. Архайдтой дзы республикæйы барадон уагдæтты разамонджытæ æмæ минæвæрттæ. Цавæр ахсджиаг фарстатыл æрныхас кодтой уый тыххæй радзурдзыстæм. Ансамбль «Хъуыбады»-йы архайджытæ Хъæдгæроны культуæрæйы галуаны ныр кусынц цалдæр мæйы дæргъы. Ныры онг сæ къухы бирæ æнтыстдзинæдтæ бафтыд. Архайынц куыд хъæуы, афтæ республикон фестивальтæ æмæ конкурсты. Æрæджы рамбылдтой конкурс «Иры фарн»-ы Цавæр фадат сын ратта, уый тыххæй базондзыстут. Нымæтын дзаумæттæ аразын базонын. Нæ республикæйы æнтыстджынæй райдыдта кусын проект «Национальная школа войлака». Йæ фæлгæты аразынц дæсныйад æвдисæн ахуыртæ. Сæ арæхтдзинад бафæлварæн ис 200 адæймагæн. Бæлвырддæр радзурдзыстæм. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ахæм хабæрттæ // 4 февраля 2020
Категория:
Новости и СМИ