Æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæм сæ курдиатимæ фæсидтысты Беслæны цæрджытæ
Æппæтуæрæсеон адæмон фронты регионалон хайады уæнгтæ архайынц, цæмæй Беслæны бирæуæладзыгон хæдзæртты хъармгæнæн гæрзтæ сног кæной. Хъармгæнæн рæстæджы агъоммæ Æппæтуæрæсеон адæмон фронтмæ сæ курдиатимæ фæсидтысты Беслæны, Сиговы номыл 52-æм æмæ Уæлахизы уынджы 65-æм хæдзæртты цæрджытæ. Курдиаты куыд фæнысан кодтой, афтæмæй хæдзæртты рæстæгæй-рæстæгмæ æрæхгæнынц хъарм дон. Фарстайы фæдыл æхсæнадон архайджытæ æрныхас кодтой Рахизфарсы районы хицауад æмæ разамындæттæг компанийы минæвæртты цæрджытимæ фембæлды рæстæг. Æмбырды архайджытæ дзырд радтой, фарста цыбыр рæстæгмæ кæй аиуварс кæндзысты. Сиговы номыл 52-æм бирæуæладзыгон хæдзары цæрджытæ куыд радзырдтой, афтæмæй 2015-æм азæй нырмæ хæтæлтæ заууатмæ кæй æрцыдысты, уый аххосæй арæх аххуысын кæнынц хъарм дон. Уæлахизы номыл уынджы 65-æм хæдзары фатерты хъарм дон кæй нæй, уый дæр хæтæлтæ кæй нал бæззынц, уый тыххæй у. Бирæуæладзыгон хæдзар эксплуатацимæ радтой 2010-æм азы. Уæд хъармгæнæн уыд арæзтадон компанийы дæлбар. Фæстæдæр æм йæ хъус кæй нал дардта, техникон цалцæг дзы бирæ рæстæг кæй нæ цыд, уымæ гæсгæ кусæнгæрзтæ заууатмæ æрцыдысты. Хъуыддаг æвæстиатæй кæй хъæуы аиуварс кæнын, уый æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæ æмбарынц. Уымæ гæсгæ, цæрджытимæ фембæлды фæстæ фарстамæ сæ хъус æрдардзысты. Цæлцæджы хæрдзтæ баххæст кæндзысты разамындæттæг компани æмæ районы администраци. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæм сæ курдиатимæ фæсидтысты Беслæны цæрджытæ
Категория:
Новости и СМИ