Золойты Родион Ставд-Дурты аив кæны улæфæн бынат цадтимæ

Æниу, афтæ кæй æрбынат кæндзæн Ставд-Дурты цады фæсарæйнаг лотос, уый æнхъæл дæр нæ уыд Родион. Байтыдта йæ фӕлварӕн хуызы. Цымыдисаг æм каст: йæхи куыд дардзæн, зæгъгæ. Тауинаг балхæдта Мæскуыйы æмæ йын фæрæстмæ. Рауад, растдӕриддӕр, йæ цæстытыл куыд уад кæддæр, афтæ. Уæвгæ, 20 азы размæ та ам дидинæг нæ, фæлæ зайæгойæн йæ кой дæр нæ уыд. Дæндæгты дохтыр æмæ медицинон наукæты профессор, йæ куыст хорз чи зоны, ахæм адæймаг. Ацы æнтыстдзинæдтæм къахдзæфтæ кæнгæйæ, уыцы-иу рæстæг йæхи не 'вгъау кодта æндæр, монон хъуыддагæн. Æмæ йын æнтысгæ дæр бакодта. Ардæм æрбакъахдзæфгæнгæйæ, адæймаг йæхи æнкъары æндæр, алæмæты дунейы. Чысыл хæдзар раст цъиуы ахстонау æрбынат кодта  бæласы тӕккӕ астæу. Йæ мидæг фæллад суадзынæн бандæттæ, ис дзы фынг дæр. Хæдзармæ бахизæн та аивгонд у рæтæн бæндæнтæй, къултæ быд сты кауы хуызæн. Алцы дæр — националон ахорæнты. Тута бæласæй æдæммæ рахизгæйæ та æнахуыр уæлдæф дымгæ хæссы цадтæй. Родион нын куыд радзырдта, афтæмæй къорд азты размæ уыцы уæлдæфæй дзæбæх кодтой рæуджыты низимæ цæрджыты æнæниздзинад. Дарддæр Родион бавдæлд улӕфӕн бынат схъæздыг кæнынмæ. Ног хъуыды – цавæр ахорæнты уыдзæн дзаума. Алы лыстæгдзинадыл дæр хъуыды кодта бæстон æмæ рагацау. Фæскуыст та-иу фæтагъд кодта йæ уарзон бынатмæ. Сфæнд кодта цадты былгæрæттæ фæбæрзонддæр кæнын дыууæ метры. Уый тыххæй бынатмæ фæласта хуыр, ӕмæ дзы уый фæстæ кæсаг ауагъта. Ныртæккæ дзы ис кæфы алы хуызтæ. Фæстаг 5 азы та ма кæсагахсджытæн Родион йе 'мбæлтты æххуысæй саразы чемпионат дæр. Уæлахиздзауты 'хсæн сæрæзы æцæг тох, уымæн æмæ лæвæрттæ дӕр хуымæтæг нæ вæййынц. Рагацау æрцахсынц æппæтæй уæззаудæр кæсаг, бакæнынц ыл сызгъæрин къухдарæн æмæ ерысты архайджыты раз доны ауадзынц. Чи йæ æрцахса, уый рамбылдта. Зæгъæм, фæстаг хатт 1-аг бынатæн æрцæттæ кодтой хæдтулгæ. Фæлæ йæ афтæ дæр ничи рамбылдта. Ныридæгæн ам чысыл арæзт не 'рцыд нæ республикæйы цæрджытæ æмæ уазджытæн. Родион ацы аз самадта хæдзæрттæ уазджытӕн, цæмæй сæ бон уа ам бахсæвиуат кæнын дæр. Алы фæзилæны дæр Родион бавæрдта йæ зæрдæйы хъарм. Тагъд рæстæджы Родион фæнд кæны йæ алæмæты бынат ноджы фæуæрæхдæр кæнын. Уый тыххæй та йын баххуыс кæндзæн хъæууон хæдзарады министрад. Æрæджы йæ улæфæндон ноджы саив кæнынæн рамбылдта 10 млн сомы бæрц. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ иннæ сезонмæ ацы бынат ноджы аивдæр суыдзæн.

Иконка канала IRYSTONTV
1 462 подписчика
12+
72 просмотра
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии