С.Меняйлойæн уыд, къуылымпыдзинæдтæ чи ӕййафы, уыцы арæзтадон объектты дзуапдæттæг кусджытимæ æмбырд
Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн уыд, къуылымпыдзинæдтæ чи ӕййафы, уыцы арæзтадон объектты фæдыл дзуапдæттæг кусджытимæ æмбырд. Хицауады уæнгтæй уæлдай дзы архайдтой подрядон организациты минæвæрттæ. Бæрнон кусджытæ лæмбынæг æркастысты, бæлвырд æмгъуыдмæ цы объекттæ арӕзт нæ цæуынц, уыдоны уавæрмæ. Архитектурæ æмæ арæзтады министры хæстæ æххæстгæнæг Моргуаты Константинæн амынд уыд контракт бафыссын размӕ уал куыстытæ æххæстгæнæг компаниты финансон авналæнтæм лыстæгдæр кæсын. Дзырдтой ма бирæвæрсыг спортивон комплексы арæзтадыл Æрыдоны. Ам уавæрмæ афтæ зæрдæ не 'хсайы. Тагъд рæстæджы дзы сæвæрдзысты ног лифт. Æрæджы дзуапдæттæг кусджытæ баныхас кодтой Карачаровскы механикон заводы разамонæг Дзиуаты Алыксандримæ. Зæгъæм, Кировы районы Ставд-дурты культурæйы галуаны арæзтад фæстиат кæны 25 бонмæ. Уæвгæ, аразджытæ ныфс бавæрдтой, объект афойнадыл цæттæ кæй уыдзæн, уымæй. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv