Райдыдта иумæйаг паддзахадон фæлварæн дæттыны сæйраг къæпхæн

2 тыс. подписчиков

12+
12+

49 просмотров

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

Райдыдта иумæйаг паддзахадон фæлварæн дæттыны сæйраг къæпхæн

2 тыс. подписчиков

12+
12+

49 просмотров

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

49 просмотров

3 года назад

Скъолаты рауагъдонтæн ныртæккæ у ахсджиаг рæстæг. Абон райдыдта иумæйаг паддзахадон фæлварæн дæттыны сæйраг къæпхæн. Фыццаг фæлварæнтæ - географи, литературæ æмæ химийæ. Скъолайы кæрты рауагъдонтæ базонынц сæ аудитори, бастдзинады фæрæзтæ æмæ телефонтæ та ныууадзынц бахизæны. Кълæстæ ифтонггонд сты видеоцæстдарды системæйæ. Скъоладзуатæй иутӕ æвдисынц сӕ тыхст, иннæтæ сæхи хъæддыхæй дарынц. Æнæ уæлдай дзауматæ æмæ бастдзинады фæрæзтæй. Сгарæн гарзы цур алы лыстæгдзинадмæ дæр кæсы æхсæнадон цæстдарæг. Аудиторимæ бахæссæн ис æрмæст паспорт, ручкæ æмæ калькулятор. Ботъоты Миланæ паддзахадон фæлварæнмæ рагацау æрбацыд. Иннæты ӕмхуызон ацы æвзонг чызг дæр тыхсы, фæлæ йæ хъару æмæ зонындзинæдтыл дызæрдыг нæ кæны. Куыд хъуыды кæны, афтæмæй географийæ æппынкъаддæр райсдзæн 40 баллы. Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты географийы факультетмæ бацæуын фæнд кæны Цакъоты Мартин. Йæхи бæстонæй цæттæ кодта. Æххуыс ын кодтой репетитортæ. Уыдоны руаджы фылдæр баллтæ райсдзæн. Фæткмæ гæсгæ фæлварæн райдыдта райсомы 10 сахатыл æмæ цыд 3 сахаты. Федералон цæстдарджытæ æмæ сæрмагонд къамисы уæнгтæ архайдтой фæткæлдтытæ ма руадзыныл. Фæлварæн дæттыны пункт знон бацæттæ кодтой. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ ацы аз техникон æгъдауæй ивддзинæдтæ хаст кæй æрцыд. Географийæ уæлдай 11-æм къласы ахуырдзаутæ сæ зонындзинæдтæ бæрæг кодтой хими æмæ литературæйæ. Къуырисæры фæлварæн дæтдзысты уырыссаг æвзагæй. Уый хауы æнæмæнг предметтæм. Ацы аз Иумæйаг паддзахадон фæлварæн дæттынц республикæйы 3 мин 700 рауагъдоны. Нысангонд æрцыд 17 сæрмагонд пункты. Хъыгдæрд æнæниздзинадимæ скъоладзаутæн дæр арæзт æрцыд æмбæлгæ уавæртæ.

, чтобы оставлять комментарии