Уæлæрвты - уæрæх фæндаг!
Республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав авиацион куыстуæтты разамонджытимæ фембæлды рæстæг цæуыл ныхас кодта, уыцы хъуыддæгтæ цæуын райдыдтой. 1-æм майæ фæстæмæ Дзæуджыхъæуæй хæдтæхджытæ фыццаг хатт абалц кæндзысты Ростовмæ. Нæ егъау экраныл куыд уынут, афтæмæй ныртæккæ сæрмагонд сайттæ райдыдтой билеттæ уæй кæнын. Нырма уал æрмæстдæр Ростовмæ. Фæстæдæр ма хъуамæ ног рейсытыл бафта. Фæнд уал сæ кæнынц Сочимæ байгом кæнын. Цæмæй билетты аргъ æгæр бæрзонд ма уа, уый тыххæй сын субсидиты хуызы республикæйы бюджетæй радих кæндзысты 12 милуан сомы. Фидæны ма Дзæуджыхъæу хъуамæ уæлдæфон фæндæгтæ айтындза æндæр горæттæм дæр. Тынгдæр кæй агурынц, уыцы номхыгъды сты Новосибирск, Сургут, Симферополь, Казань, Саратов, Самарæ, Уфа æмæ Тюмень. Цы авиакомпаниты бар сæ бакæндзысты, уый нырма бæрæг нæу. Ростовмæ рейсытæ та æххæст кæндзæн авиакомпани «Азимут». Сæ хæдтæхджытæ сты, Уæрæсейы кæй уадзынц ахæмтæ «Сухой Суперджет-100», зæгъгæ. Фæбæлвырд ма кæндзыстæм уый, æмæ авиацион хызæг Дзæуджыхъæуы аэропортæй фæуæрæхдæр кæныны тыххæй Битарты Вячеслав ныхас кодта авиакомпани «Азимут»-ы директорты советы сæрдар Павел УдОдимæ. Æмæ ныр, куыд уынут, афтæ сæ хæдтæхæг фыццаг хатт хъуамæ Ирыстоны зæххыл йæ цæлхытæ æруадза. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Уæлæрвты - уæрæх фæндаг!
Категория:
Новости и СМИ