Рухсмæ æнæзивæг...?
Дзæуджыхъæуы хæдзæрттæ амайæн компанитæй иуæн сæ бон нæу цæрæн хæдзармæ электрон рухс бауадзын. Хъуыддаг абон нæ рабæрæг. Арæзтадон компанитæ ахæм зындзинæдтæ `взарынц æппынæдзух. Абон Профцæдисты хæдзары компанийы кусджытæ лæгæй-лæгмæ сæмбæлдысты электрон хызæджы минæвæрттимæ. Фембæлд саразыныл бацархайдта, амалхъом адæймæгты бартæ хъахъхъæнæг минæвары цур кусæг къорд. Уымæй уæлдай ма фембæлды сæ хъуыдытæ загътой адæмон фронты минæвæрттæ, прокуратурæйы кусджытæ æмæ æндæр амалхъом адæймæгтæ. Ныхас кодтой, цы зындзинæдтыл æмбæлынц, уыдоныл. Дарддæр цы кæнгæ у, уый бакодтой кусæг къорды бар. Уыдонмæ ахæм хъуыддæгтæ `взарыны фæлтæрддзинад ис. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Рухсмæ æнæзивæг...?
Категория:
Новости и СМИ