Уæлахизы нысан
Цæгат Ирыстоны райдыдта патриотон акци «Георгийы номыл лент 2018». 23-æм апрелæй 9-æм маймæ сæ бархионтæ уардзысты, Дзæуджыхъæуы бирæ адæм кæм вæййы, уыцы уынгтæ æмæ фæзты. Кæм, уый тыххæй информаци алы бон дæр хъусын кæндзысты социалон хызæгты. Цæгат Ирыстоны акци 10-æм хатт цæуы. Георгийы лентытæ та систы Уæлахизы нысан. Иунæг бæрæгбон, акци æмæ ветерантимæ фембæлд æнæ лентытæй нæ вæййынц. Ацы аз нæ республикæйы цæрджытæн байуардзысты 30 мин ленты, фаронимæ абаргæйæ – 5 мины фылдæр. Акци арæзт у РЦИ-Аланийы фæсивæды хъуыддæгты комитеты æмæ патриотон хъомылады центры хъæппæрисæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Уæлахизы нысан
Категория:
Новости и СМИ