Цæгат Ирыстоны эпидемиологон уавæр у зæрдæхсаинаг
Республикæйы эпидемиологон уавæр у зæрдæхсаинаг. Коронавирусы инфекци парахат кæны. Рæзы, рынчындæттæм медицинон æххуысмӕ чи цæуы, уыдоны нымæц дæр. Сæвзæргæ уавæры тыххæй дзæбæхгæнæндæтты фæфылдæр кодтой хуыссæн бынæттæ. Республикон эндокринологон диспансеры уæлæмхасæн равæрдзысты 120 сынтӕджы, уыдонæй 12 - реанимацион хайады. Инфекцион хуыссӕнтӕ ма бафтыдтой сывæллæтты республикон клиникон рынчындоны æмæ Рахизфарсы районы сæйраг рынчындоны арæн хайады. Фæфылдæр ма кæндзысты тагъд медицинон æххуысы бригадтæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv