Гаджиты Автандил рамбылдта Приэльбрусьейы хæххон дугъы турнир

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Гаджиты Автандил рамбылдта Приэльбрусьейы хæххон дугъы турнир. Хæххон дугъæй турнир æрæмбырд кодта 800 спортсмены æппæт дунейæ. Ерысты уæлахиздзау сси 61-аздзыд ирон Гаджиты Автандил, уый 46 км дистанцийыл ахызт 9 сахатмæ æмæ сси фыццаг йæ кары къорды. «Ахæм хуызы дугъты архайд у энтузиазм, спортивон цымыдис, æнæниз царды уаг æмæ æмбæлтты, хæстæджыты разæнгарды хос. Чи зоны, мæ дæнцæг æвиппайды нæ разæнгард кæны, фæлæ адæймагмæ цавæрдæр хъуыдытæ æвзæрын кæны, алкæй дæр хъæуы æвдисæн, æнæниз царды уаг кæнын зын кæй нæ у, уымæн», - фæбæрæг кодта Автандил. Йæ ныхасмæ гæсгæ ма турниры архайдта Цæгаты Ирыстоны æртæ минæвары - 47-аздзыд Хъазиты Эльбрус æмæ Абысалты Анатолий. Уыдон архайдтой къайджын къæпхæны иууыл даргъдæр дистанцийы - 109 км. Архайджытæ дистанцийыл ахызтысты дугъы 25 сахатмæ æмæ бацахстой æртыккаг бынат. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Гаджиты Автандил рамбылдта Приэльбрусьейы хæххон дугъы турнир

Категория:

Новости и СМИ