Фæсивæды рæстæг
Фæсивæдон политикæйы лауреатты абон кадджынæй схорзæхджын кодтой Хицауады премитæй. Нæ республикæйы хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз сын кады гæххæттытæ радта, бирæ азты æнтысджынæй кæй кусынц, сæ хъуыддæгтæ пайдайаг кæй сты, уый тыххæй. Кады гæххæттытæ саккаг кодтой ахуырады паддзахадон кусæндæтты уæнгтæн. Уыдон та раарфæ кодтой Тускъаты Таймуразæн, се `ргом сæм кæй аздæхта, уый тыххæй. Фæсивæд зæрдæ бавæрдтой, дарддæр дæр афтæ кæй архайдзысты кæстæрты хуыздæр фидæны тыххæй, уымæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Фæсивæды рæстæг
Категория:
Новости и СМИ