Цæгат Ирыстоны районты судзы хускæрдæг

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Зæрдæхсаинаг уавæр сæвзæрд Цæгат Ирыстоны районты, хус кæрдæг кæй судзы, уымæ гæсгæ. Республикæйы регионалон диспетчерон службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй суткæйы дæргъы раиртæстой зынг кæм схæцыд, ахæм 6 бынаты. Фæндаджы æмæ быдырты былгæрæтты хус кæрдæг сыгъд Балтайы, Дайран æмæ Хъобангомы, Хæххон Карцайы æмæ Тарскæйы. Уæрæсейы æнæнхъæлæджы уавæрты министрады Цæгат Ирыстоны управленийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, зынгсирвæзтыты бынæтты арт ахуыссын кодтой. Цæрæнбынæттæн тæссаг ницæмæй у. Æрдзон фыдбылыз æрцæуынц, цæрджытæ зынгсирвæзты ма руадзыны домæнтæ кæй не ххæст кæнынц, уый тыххæй. Хъуыддагмæ æппындзух сæ хъус дарынц æрдзон æвæрæнтæ æмæ экологи, уыимæ ма æнæнхъæлæджы цауты управленийы специалисттæ. Зынгсирвæзтæй тæссаг рæстæджы фæнысан кодтой 115 бынаты. Республикæйы æрдзон æвæрæнтæ æмæ экологийы министрады сидынц бынæттон администрацийы сæргълæуджытæм, цæмæй хъæууон хæдзарадон зæххыты хусгæрдæг судзын ма уадзой. Зынгсирвæзты тыххæй та хъусын кæной хъæды хæдзарады регионалон диспетчерон службæмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цæгат Ирыстоны районты судзы хускæрдæг

Категория:

Новости и СМИ