Хетæгкаты Къостайы 160 азы райгуырæн бонмæ Лабæйы ацыд кадджын мадзал
Хетæгкаты Къостайы 160 азы юбилей сбæрæг кодтой поэт йæ фыццаг къахдзæфтæ кæм кодта, уыцы хъæу Лабæйы. Уый тыххæй Хъæрæсе-Черкесмæ гастролты æрцыдысты Хуссар Ирыстоны артисттæ, 37 адæймагæй фылдæр. Цхинвалы культурæйы, фæсивæды æмæ спорты хъуыддæгты разамынды сæрдар Тасойты Игорь куыд фæнысан кодта, афтæмæй бацæттæ кодтой егъау æмæ цымыдисаг концертон программæ. Сæ курдиат дзы равдыстой сывæллæтты хореографион ансамбль «Ирон», фольклорон къорд «Булæмæргъ», стæй Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист Сланты Ацæмæз æмæ Аивæдты сгуыхт архайæг Гæджиты Жаннæ. Аивадуарзджытæн акодтой зындгонд зарджытæ Ирыстоны номыл. Стæй Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ æрымысыдысты Хетæгкаты Къостайы ном, йæ цыртдзæвæны цур, æрбахастой йæм дидинджытæ. Стæй м абабæрæг кодтой Хетæгкаты Леуаны цырт дæр. Уый 1868-æм азы Хъæрсе-Черкесы, хъæу Лабæйæн бындур сæвæрдта. Цардысты дзы Нары комæй рацæуæг адæм. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хетæгкаты Къостайы 160 азы райгуырæн бонмæ Лабæйы ацыд кадджын мадзал
Категория:
Новости и СМИ