Китайаг фæзы 'рдыгæй доны станцæйæн цæттæ у 80%
Китайаг фæзы 'рдыгæй доны станцæйæн цæттæ у 80%
Китайаг фæзы 'рдыгæй доны станцæйæн цæттæ у йæ 80%. Куыстытæ æххæст кæнын дзы райдыдтой мæй æмæ æрдæджы размæ. Бæлæстæ саив кодтой, хус кæрдæг ныссыгъдæг кодтой. Афтобусный фæрсунджы 'рдыгæй та йæм аразынц æнцонвадат ныххизæн. Ныртæккӕ зилынц цадмæ, цæттæ кæнынц сывæллæттæн хъазæн бынат, футболон æмæ волейболæй хъазæн фæзтæ, бæлæгътæм схизӕнтӕ æмæ нуазыны доны фонтантæ. 10 азæй фылдæр ацы бынат уыд æнæзылд. Сæрдыгон доны станцæйы бонмæ сæхи ирхæфсдзысты 2 мин адæймаджы бæрц.