Централон æфсæддон зыдлы райдыдтой сæ цæттæдзинад бæрæг кæнын
Централон æфсæдон зылды æххæстæй, стæй Хуссар æмæ Скæсæйнаг æфсæддон зылдты хайгай райдыдтой сæ цæттæдзинад бæрæг кæнын. Уæрæсейы хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгуйы ныхæстæм гæсгæ, ахæм уынаффæ рахаста президент Владимир Путин. Абон райсомы 6 сахатæй фæстæмæ амынд æфсæддон зылдты уавæр æркодтой хæстæввонгдзинады тæккæ бæрнондæр къæпхæнмæ. Уыцы уавæры цалдæр боны уыдзысты фистæг æфсæдтæ æмæ авиацион хайæдтæ. Цæттæдзинад иртасын бахъуыд, цæмæй паддзахады разамынд бæлвырдæй зона бахъуаджы сахат гæрзифтонг тыхты авналæнтæ. Сæ хъомыс сын иртасдзысты Централон-Азиаг регионы террористон æдасдзинад хынцгæйæ. Цæттæдзинад бæрæг кæныны иннæ сæйраг хæс та у фидæны ахуыртæ «Центр-2019»-мæ гæрзифтонг тыхты ахаст рабæрæг кæнынимæ баст. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Централон æфсæддон зыдлы райдыдтой сæ цæттæдзинад бæрæг кæнын
Категория:
Новости и СМИ