Хуыцауы арфæйæ
Аланийыл дзуæрттæ куы бафтыдтой, уый 1100 азы юбилейы фæдыл мадзæлттыл æрныхас кодтой Мæскуыйы сæрмагонд æмбырды. Архайдтой дзы Уæрæсейы Хицауады вице-премьер Ольга Голодец, нæ республикæйы æххæстбарджын минæвар Дзанайты Барис, Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг Алчыр Леонид, стæй æмбæлгæ кусæндæтты минæвæрттæ. Дзанайты Барис куыд бафиппайдта, афтæмæй нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав юбилеймæ цæттæгæнæн мадзæлттæм йæ цæст дары. Бæрæгбон сæйрагдæр арæзт уыдзæн Сыгъдæг Георгийы аргъуаны. Уымæ гæсгæ йын йæ къултæ саив кæндзысты зæдты нывæфтыдтæй. Уымæй уæлдай ма ныхас кодтой юбилейы фæдыл документалон кинонывтæ бацæттæ кæнын æмæ сæрмагонд литературæ рауадзыныл. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, кадджын бонтæ сбæрæг кæныны уынаффæ рахаста Уæрæсейы Президент Владимир Путин. Æмбæлгæ указ бафыста фарон октябры. Юбилейы фæдыл мадзæлттæ пъланмæ гæсгæ цæудзысты 2022 азы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хуыцауы арфæйæ
Категория:
Новости и СМИ