Цæгат Ирыстоны картоф æмбырдгæнæн куыстытæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц

Зæхкусæг Битарты Анатолий йæ зæрдæ дары æрмæстдæр хорз боныхъæдыл. Йæ быдыры цы картоф æрзайын кодта, уый æмбырд кæнын тагъд фæвæййы. Баззад ма йын дзы нымадæй цалдæр рæгъы. Стæй уæд цӕттӕ у базары уæй кæнынмӕ. Анатолий дызæрдыг нæ кæны, картоф ын æгасæй дæр уæйгонд æрцæудзæн. Цы 12 гектары ныссагъта, уыдонæй, йæ ныхæстæм гæсгæ, хорз тыллæг æрæмбырд кодта. Картоф ацы аз хорз æрзад, кæд æмæ июлы æгас республикæйы дæр тæрккъæвдатæ æрцыд, уæддæр. Уæд Битарты Анатолий дæр тынг мæт кодта, иста ма дзы рауайдзæн йæ картофæй, æви нæ, ууыл. Ахæм хорз тыллæг æрзайын кæнын та йын бантыст, культурæмæ раст кæй зылд, уый тыххæй. Уый та зæхкусæг зоны йæ гыццылæй нырмæ. Уæдæ Хацырты Зарифæ дæр зæххы куыст тынг уарзы. 30 азы дӕргъы у бригадир. Æдзух дæр æй фæндыд ахæм ран фæллой кæнын, адæмæн пайда кæм хæсса. Йæ куыст фыццаг бакастæй куыд æнцон зыны, афтæ нæу. У цымыдисаг æмæ хъæлдзæг дæр, фæлæ стыр бæрнимæ. Йæ зæрдæ йæ куыстæй райы. Уый та у æппæты вазыгджындæр. Афтæ хъазгæ-худгæйæ фæллойадон бонтæ æрвитынæй ма хуыздæр цы ис?! Бирæтæ ам кæрæдзийы рагæй зонынц. Сты хæлæрттæ, уымæн æмæ цалдæргай азты дæргъы иумæ картоф æфснайынмæ рацæуынц. Фидæны аз дæр та сæ ам куыст æрбамбырд кæндзæн. Уæд, гæнæн ис, æмæ дзы ног культурæтæ дæр фæзына. Фермер Битарты Анатолий куыд зæгъы, афтæмæй йæ фæнды йæ куыст фæуæрæх кæнын. Нырма йæм картоф æмæ нартхор йæдтæмæ сагъд ницы ис. Фидæны та йæ фæнды настæ æфæлварын æрзайын кæнын. Адæймаджы куы фæнда æмæ куыстæй куы нæ тæрса, уæд ын цы нæ рауайдзæн.

Иконка канала IRYSTONTV
1 462 подписчика
12+
19 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии