Хайдарбек Бутов абон бабæрæг кодта зынгсирвæзт кæм æрцыд, уыцы бынат

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

Цæгат Ирыстоны промышленность æмæ транспорты министр Хайдарбек Бутов абон бабæрæг кодта зынгсирвæзт кæм æрцыд, уыцы бынат. Йæхи цæстæй федта, арт цы зиан æрхаста армадзтæ «Умелец», зæгъгæ, æмæ «Фæндыр»-ы бæстыхæйттæн. Ныртæккæ банат ис мæнæ ахæм уавæры. Фыдбылызы фæстиуджыты тыххæй министрæн радзырдта куыстуат Фæндыры директор Узегаты Тамерлан. Йе ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ ахсджиаг у æндæр бæстыхай сифтонг кæнын. Кусджытæн та сæ мызд бафидын. Хадарбек Бутов уымæй ныфс бавæрдта. Хайдарбек Бутов, РЦИ-Аланийы промышленность æмæ транспорты министр: «Зынгсирвæзт стыр зиан æрхаста. «Фæндыр»-ы æрмадзтæ басыгъдысты. Бæстыхайы дыккаг уæладзыгæй ницыуал баззад. Цы интструменттæ æмæ кусæнгæрзтæ дзы арæзтой, уыдон дæр басыгъдысты. Зынгсирвæзты фæстиуджытæ банымайын зын у. Ныртæккæ уал сæ хъæуы аиуварс кæнын. Мах цæттæ стæм куыстуатæн баххуыс кæнын. Цыбыр рæстæгмæ ссардзыстæм ног бæстыхæйттæ, цæмæй куыст ма æрлæууа». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Хайдарбек Бутов абон бабæрæг кодта зынгсирвæзт кæм æрцыд, уыцы бынат

Категория:

Новости и СМИ