Дагомы цæрæджы цардæй иу бон
Хæххон хъæуты цард рæстæг цæхгæрмæ ивы. Азæй азмæ сæ кой дæр нал æрыхъуысы. Ахъуыды ма йыл кæнут, Цæгат Ирыстоны æмткæй райсгæйæ ис 212 хъæуы. Уыдонæй 26 сæфтыл нымад сты. Царды рухс дзы нал кæлы. Цæмæн афтæ? Аххосæгтæ бирæ. Нæ дарддæры æрмæджы хъайтар дæр ууыл сагъæс кæны. Бурдзиуты Альбинæ. У Уæлладжыры комы, Дагомы хъæуы иунæг цæрæг. Кæд къуылымпыдзинæдтæ фæзыны, уæдддæр адæймагæн йæ ныфс нæ сæтты. Уый у Бурдзиуты Альбинæ. 20 азæй фылдæр цæры Дагомы. Сылгоймаг скъола каст фæци Црауы. Институты фæстæ та рæздæхт йæ райгуырæн хъæумæ. Уæдæй фæстæмæ Альбинæ ам у иунæг цæрæг. Бурдзиуты Альбинæ дары 40 стуры. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй хъæуы цæргæйæ, куыст æдзух дæр вæййы. Архайы æнæзивæгæй. Фæлæ фæстаг рæстæг сылгоймаджы фыдæбæттæ пайда нæ хæссынц. Сæйрагдæр райхалинаг фарстатæй иу у автобус кæй нæй, уый. Альбинæ йæ æмбары, иунæг адæймаджы тыххæй æхсæнадон транспорт кæй нæ рацæудзæн, уый. Пайда кæны таксийы лæггæдтæй. Фæлæ уый дæр сылгоймагæн знаргъ уайы. Дагомæй-Алагирмæ фæндаггаг у 600 сомы. Дагомы алыварс апарахат сты кувæндæттæ æмæ алыхуызон цымыдиссаг бынæттæ. Бурдзиуты Альбинæ йæ райгуырæн хъæу уымæй уарзы. Æмæ йын кад кæны. Сылгоймаг йæ цæрæн бынат кæй нæ раивдзæн, уый бæлвырд бæрæг у. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй зындзинæдтæ йæ кæнынц æрмæст тыхджынтдæр. Æрдзы хъæбысы цард та дæтты ног хъарутæ. Къумæлæгкаты Фатимæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дагомы цæрæджы цардæй иу бон
Категория:
Новости и СМИ