Æхсæр зайыны куыст парахат кæны Цæгат Ирыстоны
Æхсæр зайыны куыст парахат кæны Цæгат Ирыстоны. Сæрмагонд проекты райрæзтыл кусынц æртæ азы дæргъы. Æрвылаз программæйы бацархайы 50 бинонтæй фылдæр, уыдоны сæйраг фæнд - æхсæры куыст апарахат кæнын. Уыимæ ма, ног технологитæм гæсгæ. Ахæм гæнæнтæ республикæйы цæрджытæн фæзынд уæрæсеаг-италиаг компанийы руаджы. Бæлвырддæр радзурдзæн ме `мкусæг Хуасдзауты Алинæ. Æхсæрты талатæн сæ фæндаг райдайы уæлдай узæлд сыл кæм кæнынц, уыцы ранæй. Уæдæ сæ зианхæссæг цæрæгойтæй дæр хъахъхъæнынц. Чысыл рæстæджы фæстæ сæ фæндаг акæнынц хъæрмуæттыл. Багауддин Гаджиев, компани «Елети Альбæ»-йы минæвар: «Маточник кæй хонынц уырдыгæй райсæм талатæ æмæ сæм нæ цæст ам дарæм. Бæстонæй сæм зилæм. Кæсæм сын сæ асмæ æмæ сæ хуызмæ». Æмбæлгæ ас куы свæййынц, уæд та сæ ныссадзынц дыргъдоны. Уым сæ ныууадзынц дыууæ азы онг. Сæ бынтæ сын бамбæрзынц целлофанæй. Уый руаджы хæмпæлты бын нæ фæвæййынц. Сæрмагонд системæйы руаджы талатæм хæццæ кæнынц æппæт хъæугæ хъацæнтæ дæр. Уый фæстæ хуыздæр талатæ равзарынц сæрмагонд дыргъдонмæ. Уым сæ рауайы къутæртæ. Уыдонæй цалдæр азмæ хъуамæ рауайа бæлæстæ. Ацы дыргъдоны ис 8 æхсæры хуызы. Зайын кæнынц куыд италиаг мыггæгтæ, афтæ ма архайынц сæхи хуызтæ рауадзыныл дæр. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, æхсæртæ бæркадджын тыллæг дæттынц. Уый хынцгæйæ, æхсæрты куыст - пайдайаг хъуыддаг у. Багауддин Гаджиев, компани «Елети Альбæ»-йы минæвар: «Адæймаджы бон у геткары æрдæг, кæнæ гектарæй цы тыллæг сиса, уымæй йæ бинонты дарын. Æфтиæгтæ дзы вæййы 500 мин сомы бæрц. Кæнæ 600, 700 мин сомы онг. Æхсæрæн йæ аргъ куыд уа, уымæ гæсгæ. Йæ аргъ та æппынæдзух фылдæр кæны». Æхсæрты куыст Цыколайы кæнынц уæрæсейаг æмæ италиаг компани «Елети Альбæ»-йы проектмæ гæсгæ æртæ азы. Цæгат Ирыстон хуымæтæджы нæ равзæрстой уыцы куыстæн. Италиаг æхсæрты хуызтæ нæ республикæйы климæты хорз зайынц. Алы къæпхæны дæр æхсæрты талам сæ цæст дарынц Италийæ специалисттæ. Эллио Рессиа, æхсæры бæлæстæ зайын кæныны специалист: «Цæгат Ирыстонмæ ссæуын 4-6 хатты афæдзы дæргъы. Равзæрстам тонда джентиле æмæ джифони мыггæгтæ. Тонда джентиле у тынг хæрзад. Джифонийæ та бирæ тыллæг сæмбырд кæнæн ис. Ацы климаты дыууæ хуызы дæр тынг хорз зайынц. Кæсæм, алыхуызон мыггæгтæ зæххыты кыд зайынц, уымæ. Кусæм сæрмагонд проектмæ гæсгæ. Куыд æй бафиппайдтон, афтæмæй Цæгат Ирыстоны æхсæрты куыст бирæ адæм нæ кæнынц. Фæлæ дзы ис бирæ æрыгон фæсивæд æмæ сæ фæнды уыцы куысты сусæгдзинæдтæ базонын». Эллио куыд зæгъы, афтæмæй сæйрагдæр у æхсæр зайыны куыст чи кæны, уыдонæн хъæугæ æххуыс бакæнын. Ацы хъуыддаджы сусæгдзинæдтæ сын бацамонын. Æнцон нæу, фæлæ йæ хатдзæгтæ уыдзысты пайдаджын. Компанийы социалон программæмæ гæсгæ, се ргом сеппæтмæ дæр раздахдзысты. Æппыæдзух сæм компанийы минæвæрттæ сæ цæст дардзысты. Багауддин Гаджиев, компани «Елети Альбæ»-йы минæвар: «Талатæ адæмæн дæттæм лизингмæ гæсгæ. Аргъæн фидынц йæ 20 проценты. Кæд сын æхца бафидыны фадат нæй, уæд сæ бон у нæ дыргъдоны бакусын. Афтæмæй æхсæртæм куыд зилын хъæуы, уый дæр базондзысты. 5 азы фæстæ промышленнон тыллæг куыд сæмбырд кæной, уæд та иннæ хай бафитдзысты. Уыимæ ма, фыцаг сывæллоны райгуырды фæстæ фиддонтæй 50 проценты аппарæм. Дыккаг сывæллоны фæстæ та- 100 проценты». Фермертæн сæхи бон дæр уыдзæнис сæ продукци ауæй кæнын. Кæнæ, сын компани баххуыс кæндзæнис. Дунейы æхсæртæ азæй-азмæ фылдæр хъæуы, "Елети Альбæ"-йы минæвæртты ныхæстæм гæсгæ. Ныртæккæ Уæрæсемæ æхсæртæ ласынц Азербайджанæй. Сæ хæрзхъæддзинад хуыздæртæй нæу. Проекты руаджы та фæзындзæн фадæттæ нæхи продукцийы нымæц фæфылдæр кæнынæн. Уыимæ ма, проекты архайджыты бон уыдзæнис æхсæрты куыст чи кæны, уыдоны ассоциацийы уæнг суæвын. Багауддин Гаджиев, компани «Елети Альбæ»-йы минæвар: «Æххуыс сын кæнынц юридикон фарстатæ алыг кæнынмæ. Стæй паддзахадон оргæнтимæ æмгуыст кæнынæн дæр. Гæххæттæ куыд æмбæлы афтæ саразны æмæ субсидитæ райсынмæ дæр ассоциацийы уæнгтæн æххуыс кæнынц. Адæм паддзахадон æххуыс куыд райсæн ис, уый кæй нæ фæзонынц, уый аххосæй дæр арæх къуылымпытимæ æмбæлынц. Уыцы хъуыддаджы дæр сын баххуыс кæндзысты». Æхсæрты куыст кæнын райдайынæн ма ис ноджы дæр иу гæнæн. Компани йæхæдæг ныссадзæни дыргъдон йæхи хардзæй. Коммерцион фарстатæ та сбæрæг кæнæн ис тыллæг куы сæмбырд кæной, уæд Хуасдзауты Алинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æхсæр зайыны куыст парахат кæны Цæгат Ирыстоны
Категория:
Новости и СМИ